6 Дӕлвӕзы йӕ бавӕрдтой, Моавы, Бет-Пеоры бакомкоммӕ, фӕлӕ кӕм, уый абон дӕр бӕлвырд ничи зоны.
Ӕмӕ ӕрлӕууыдыстӕм мах Бет-Пеормӕ хӕстӕг дӕлвӕзы.
Уый уыди Иорданы фале, Бет-Пеормӕ ӕввахс дӕлвӕзы, Хешбоны чи хицауиуӕг кодта, уыцы амораг паддзах Сигоны зӕххыл. Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ Мысырӕй куы рацыдысты, уӕд ӕй басастой.
Стырзӕд Михаел Моисейы буары тыххӕй хӕйрӕгимӕ куы фӕбыцӕу ис, уӕд тӕрхоны бар йӕхимӕ нӕ райста, ӕфхӕрӕн ныхас ӕм не скодта, ӕрмӕстдӕр ын загъта: «Хуыцау дын Йӕхӕдӕг бауайдзӕф кӕнӕд!»