2 Неффалимы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, Ефрем ӕмӕ Менассиайы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, Иудӕйы зӕхх ӕнӕхъӕнӕй, суанг ныгуылӕны денджызы онг,
Разӕй уыдысты номылустытӕ сӕ цотимӕ, уыдоны фӕстӕ — Леа йӕ цотимӕ, се ’ппӕты фӕстӕ та — Рахел ӕмӕ Йосеф.
Уӕ зӕххытӕ уын айтындздзынӕн Сырх денджызӕй Филистимаг денджызы онг ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырӕй Евфраты онг. Бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджыты дӕр уын ратдзынӕн уӕ къухтӕм ӕмӕ сӕ фӕсурдзыстут уӕ разӕй.
ныгуылӕйнаг арӕн та уын Стыр денджыз уыдзӕн, уый уыдзӕн уӕ ныгуылӕйнаг арӕн.
Уӕ къах кӕмдӕриддӕр ӕрӕвӕрат — сымах уыдзӕн: ӕдзӕрӕг быдырӕй Ливанмӕ, Евфраты донӕй Зӕххастӕуы денджызы онг аххӕсдзысты уӕ зӕххытӕ.
Ныгуылӕйнаг арӕн у Зӕххастӕуы денджыз йӕ былгӕронимӕ. Ахӕм арӕнтӕ уыд Иудӕйы байзӕддаджы мыггӕгты зӕххытӕн.