5 Уыди уый паддзах Йешуруны, Израилы хӕдзарвӕндӕгтимӕ-иу адӕмы фӕтӕгтӕ куы ’рбамбырд сты, уӕд.
Мӕнӕ, Израилӕн паддзах куы нӕма уыди, уыцы заман Едомы бӕстӕйы паддзӕхтӕ.
Дунедарӕг уыдзӕни Паддзах — мыггагӕй-мыггагмӕ!»
Исты хъуыддаг равзаринаг сӕм куы вӕййы, уӕд мӕм ӕрбацӕуынц, ӕмӕ сын ӕз равзарын сӕ быцӕутӕ, бацамонын сын Хуыцауы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ’гъдӕуттӕ».
Ӕрбайхъус-ма мӕ уынаффӕмӕ, ӕмӕ дын Хуыцау баххуыс кӕнӕд! Ды хъуамӕ лӕууай адӕмӕй Хуыцауы ’хсӕн ӕмӕ Хуыцауы тӕрхонмӕ хӕссай адӕмы хъуыддӕгтӕ.
Афтӕ уын зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг, уе Сфӕлдисӕг, мады гуыбыны уӕ Чи равзӕрын кодта ӕмӕ уын ӕххуыс Чи кӕндзӕни, Уый: ма тӕрсут, Мӕ цагъартӕ, Йаковы байзӕддӕгтӕ, Ме ’взӕрстытӕ — Йешурун!
Фыдбылызӕй хызт у Йаков, бӕллӕхӕй тас нӕу Израилӕн. Дунедарӕг, сӕ Хуыцау, семӕ ис, Паддзах Ӕй скодтой сӕхицӕн.
Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы.
Йешуруны Хуыцауӕн ӕмбал нӕй. Йе стырады дӕм уӕлӕрвты Уый ӕврӕгътыл тындзы ӕххуысмӕ.
Уыцы заман Израилы паддзах нӕ уыди, ӕмӕ алчидӕр кодта, цы йӕ фӕндыд, уый.
Израилӕгтӕ Гедеонӕн загътой: «Паддзахӕй нӕм ныллӕу, дӕ фӕстӕ нын паддзах дӕ фырт суӕд, уый фӕстӕ та — дӕ фырты фырт. Ды нӕ мидианӕгтӕй фервӕзын кодтай!»
«Шехемы цӕрджытӕн зӕгъут: цы уӕм хуыздӕр кӕсы, цӕмӕй уын хицауиуӕг Иеруббаалы дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз фырты кӕной ӕви ӕрмӕстдӕр йӕ иу фырт? Ӕмӕ ма рох кӕнут, шехемӕгтӕ, ӕз уӕ туг, уе стӕг кӕй дӕн, уый».