25 Ӕфсӕн ӕмӕ ӕрхуыйӕ — де ’вдузӕнтӕ, дӕ хъару цӕргӕбонты — ӕвидигӕ“.
Асиры бӕркадӕн ныккӕнӕн нӕ уыдзӕни, аккаг хӕлц паддзахӕн хӕсдзӕни.
Дунедарӕджы цӕстытӕ ӕгас зӕххыл дӕр ӕххӕссынц, иузӕрдион Ыл чи у, уыдонӕн ӕххуыс кӕны. Фӕлӕ ды ацы хатт тынг ӕнӕрхъуыды ми бакодтай, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕ зӕххыл ӕдзухдӕр уыдзӕни хӕст».
Цӕугӕ кӕнон, мӕ фӕллад уадзон — Ды мӕ уыныс, мӕ фӕндӕгтӕ Дын иууылдӕр зындгонд сты.
Фӕлмӕст ӕмӕ стад лӕгӕн Йӕхӕдӕг куы дӕтты хъомыс.
Фӕлӕ Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн ӕфтдзӕни сӕ хъаруйыл ӕмӕ цӕргӕсау айтынг кӕндзысты сӕ базыртӕ. Згъордзысты ӕмӕ фӕллад нӕ зондзысты, уайдзысты ӕмӕ нӕ бастайдзысты.
Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.
Фыд йӕ цагъартӕм фӕсидти: „Рӕвдздӕр! Рахӕссут ӕппӕты хуыздӕр дарӕс ӕмӕ йыл ӕй скӕнут, къухдарӕн ын бакӕнут йӕ къухыл, йӕ къӕхтыл ын дзабыртӕ скӕнут.
Сымах бахаудтат, адӕймаг кӕм бахауы, ахӕм хуымӕтӕг фӕлварӕны. Хуыцау иузӕрдион у ӕмӕ, кӕмӕн нӕ бафӕразат, ахӕм фӕлварӕн уыл не ’руадздзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ ма уын алы фӕлварӕны ӕххуыс дӕр бакӕндзӕн, фӕндаг дӕр уын бацамондзӕн ӕмӕ уын хъару дӕр ратдзӕн.
Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы.
Фарны Уац хъусын кӕнут — уымӕ цӕттӕдзинад суӕд уӕ къахыдарӕс.
Уымӕн ӕмӕ уыдон сымахӕн хуымӕтӕджы ныхӕстӕ не сты — уӕ цард сӕ мидӕг ис. Сӕ фӕрцы, уӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уым, Иорданы фале, бирӕ фӕцӕрдзыстут».
Ӕххӕст Ын кӕнут Йӕ фӕтк ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ, мӕнӕ уын ӕз кӕй амонын ныр, уыдон, ӕмӕ хорз уыдзӕн сымахӕн ӕмӕ уӕ фӕстагӕттӕн, ӕмӕ бирӕ фӕцӕрдзыстут, ӕнустӕм уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, кӕй хай кӕны, уыцы бӕсты».
къӕбӕрцух кӕм нӕ уыдзыстут, хъуаг кӕм ницӕмӕй ӕййафдзыстут, ахӕм бӕстӕм; йӕ дурты ӕфсӕйнаг кӕмӕн ис, йӕ хӕхты ӕрхуы кӕмӕн амал кӕндзыстут, ахӕм бӕстӕм.
Мӕ бон алцыдӕр у Чырыстийы хъаруйӕ.
цӕмӕй Йе стыр хъомысы фӕрцы фидар кӕнат, быхсаг ӕмӕ фӕразон суат.
Фӕлӕ мӕ Моисей сгарынмӕ куы арвыста, уӕдау абон дӕр дӕн фидар. Уӕд мӕм цас хъару уыд, ныр дӕр мӕм уыйас хъару ис хотых райсынӕн дӕр ӕмӕ тохы бацӕуынӕн дӕр.