24 Асиры тыххӕй загъта: „Ӕфсымӕрты арфӕгонддӕр — Асир, йе ’фсымӕртӕн уарзон, сойы йӕ къӕхтӕ ныгъуылдзысты уымӕн.
Асиры бӕркадӕн ныккӕнӕн нӕ уыдзӕни, аккаг хӕлц паддзахӕн хӕсдзӕни.
Уӕд мӕ фӕндаг сойвӕдыл цыди, айнӕгӕй та оливӕйы сой лӕдӕрсти.
Ме рагъыл мын хуым кодтой хуымгӕнджытӕ, ауагътой-иу ыл даргъ ауӕдзтӕ.
Уӕлхӕдзӕрттыл цы кӕрдӕг фӕзыны, уый хуызӕн суӕнт: нӕма сырӕзы, афтӕмӕй бахус вӕййы.
Райсоммӕ-иу дзы мацыуал ныууадзут, цы дзы нӕ бахӕрат, уый арты басудзут.
ӕмӕ йын ӕххуыс кодта йӕ алы зынты. Балӕвар ын кодта зонд, стӕй, Мысыры ӕмӕ йӕ йе ’ппӕт галуаны сӕргъы чи сӕвӕрдта, уыцы фараоны, Мысыры паддзахы, хорзӕх.
Йӕ ахӕм цардӕй Чырыстийӕн чи лӕггад кӕны, уый ӕлхӕны Хуыцауы зӕрдӕ, ӕмӕ дзы адӕм дӕр сты райгонд.
цӕмӕй мӕ Иудейы ӕнӕуырнджытӕй бахиза, Йерусалимы сыгъдӕджытӕ та мын ме ’ххуысыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлой.
Ахӕм уыдис Асиры хӕдзарвӕндаджы мыггӕгты фыдӕй-фыртмӕйы исбон. Адон уыдысты сӕ сахартӕ сӕ алыварс хъӕутимӕ.