23 Неффалимы тыххӕй загъта: „Неффалим Дунедарӕгӕй арфӕгонд у, ныгуылӕн ӕмӕ хуссар йӕхи уыдзысты“.
Неффалим — сӕрибар хъуаз, рӕсугъд сты йӕ лӕппынтӕ.
Мауал мӕсты кӕн, дӕ масты цӕхӕртӕ мауал кал! Ма хӕлӕг кӕн — фыддӕр истӕмӕ дын ма расайа!
Дунедарӕг зӕгъы: «Уарзы Мӕ, ӕмӕ йӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн Мӕ ном Мын зоны, ӕмӕ йӕ Ӕз бахиздзынӕн.
Хӕринаджы хуыздӕрӕй бафсаддзынӕн сауджынты, Мӕ рӕдаудзинадӕй бафсӕддзысты Мӕ адӕм, — зӕгъы Дунедарӕг.
Ӕрцӕут Мӕм, йӕ уӕззау уаргъӕй чи сфӕлмӕцыд, уыдон, ӕмӕ уын Ӕз ратдзынӕн ӕнцой.
Назаретӕй ацыд ӕмӕ ӕрцарди денджызы былгӕрон, Капернаумы сахары, Зевулон ӕмӕ Неффалимы зӕххыл.
Талынджы цы адӕм цардысты, уыдон ӕгӕрон рухс федтой, мӕлӕтон тар бӕстӕйы чи царди, уыдоны сӕрмӕ рухс сӕрттывта».
Асиры тыххӕй загъта: „Ӕфсымӕрты арфӕгонддӕр — Асир, йе ’фсымӕртӕн уарзон, сойы йӕ къӕхтӕ ныгъуылдзысты уымӕн.