22 Даны тыххӕй загъта: „Дан у лӕппын домбай, Башаны хохӕй ӕргӕпп кӕны“.
Даны хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыд дыууын аст мин ӕхсӕзсӕдӕ хӕстифтонг лӕджы.
Мӕ зӕрдӕ йӕхи къултыл уымӕн хойы, рагӕппӕввонг у мӕ риуӕй.
„Дӕ мад цы домбай уыди, уастӕн! Куы царди домбӕйттӕн сӕ астӕу. Ӕвзонг домбӕйтты цур йӕ лӕппынты куы хаста.
Сӕ иуы слӕууын кодта уалынмӕ йӕ къӕхтыл, ӕмӕ тыхджын домбайӕ агӕпп ласта уый; ныттыдта-иу йӕ амӕттаджы: сахуыр, уый адӕмы ныхъуырдта.
Даны хӕдзарвӕндаг фӕстӕдӕр, сӕ зӕхх куы фесӕфтой, уӕд ссыдысты Лешеммӕ, балӕбурдтой йӕм, бацахстой йӕ ӕмӕ йын йӕ адӕмы кардӕй ныццагътой. Ацы сахар сси сӕ фыдӕй-фыртмӕйы исбон, ӕрцардысты дзы ӕмӕ йӕ сӕ фыдӕл Даны кадӕн схуыдтой Дан.
Цорайы сахары цардис иу лӕг, Даны хӕдзарвӕндагӕй, йӕ ном хуынди Маноах. Йӕ бинойнаг уыдис ӕнӕзӕнӕг, цот ын нӕ цыди.
Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти. Самсон Ашкелонмӕ ацыд ӕмӕ уым дӕс ӕмӕ ссӕдз лӕджы амардта. Сӕ дарӕстӕ сын раласта ӕмӕ сӕ, уыци-уыци чи базыдта, уыдонӕн радта. Уый фӕстӕ мӕстджынӕй йӕ фыды хӕдзармӕ раздӕхти.
Дунедарӕджы Уд ӕртыхсти Самсоныл, ӕмӕ домбайы йӕ къухтӕй сӕныччы скъуыдтӕ акодта. Уыцы хабар йӕ фыд ӕмӕ йӕ мадӕн нӕ радзырдта.
Самсон ауыдта, чи нӕма бахус, ахӕм хӕрӕджы ӕфсӕр. Фелвӕста йӕ ӕмӕ дзы мин филистимаджы амардта.
Самсон филистимӕгтӕн сӕ фӕрстӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ныппырх кодта, уый фӕстӕ ацыд ӕмӕ, Етамы хохрӕбын цы лӕгӕт уыди, уым ӕрцарди.
ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Уадз ӕмӕ филистимӕгтимӕ амӕлон!» Цӕджындзтыл тыххӕст акодта, ӕмӕ хӕдзар филистимӕгты хицӕуттыл, стӕй ма дзы цы адӕм уыди, уыдоныл ныккалди. Самсон, мӕрдтӕм цӕугӕйӕ, цас знӕгтӕ амардта, уый бӕрц йе ’гасӕй никуы фесӕфта.
Даны фӕдонтӕ рахастой, Миха кӕй сарӕзта, уыдон, ракодтой йын йӕ сауджыны ӕмӕ ацыдысты Лаишы ныхмӕ хӕцынмӕ. Уым адӕм цардысты сабырӕй, фыдбылыз ӕнхъӕл нӕ уыдысты. Даны фӕдонтӕ сӕ карды амӕттаг бакодтой, сахар та басыгътой.