Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 33:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Гады тыххӕй загъта: „Арфӕгонд у Гад, йӕ къабӕзтӕ фӕйнӕрдӕм чи айтыгъта! Уый домбайау йӕ амӕттаджы мӕкъуыстӕг рарӕдувы, йӕ тыл ын ныппары.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 33:20
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гадмӕ абырджыты бардз лӕбурдзӕни, фӕлӕ сӕ уый зӕйау йӕ разӕй ахӕсдзӕн.


Иудӕ — домбайы лӕппын; дӕ амӕттагыл уӕлахиз кӕныс, мӕ фырт. Уый йӕхи ӕруадзы домбайау, мадӕл домбайау зӕххыл ӕрхуыссы — чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын?


Иавец Израилы Хуыцаумӕ скуывта: «Тӕхуды, ахӕм арфӕ мын куы ракӕнис ӕмӕ мын мӕ арӕнтӕ уӕрӕхдӕр куы скӕнис! Дӕ арм мыл куы дарис, фыдбылызӕй мӕ куы бахизис, цӕмӕй хъизӕмарӕй ма мӕлон!» Ӕмӕ йын Хуыцау сӕххӕст кодта йӕ курдиат.


Ноф ӕмӕ Тахпанхесы цӕрджытӕ дын ныппырх кодтой дӕ сӕр!


Йаковы байзӕддӕгтӕй чи аирвӕза, уыдон ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты астӕу уыдзысты, домбай хъӕды сырдты, лӕппын домбай фысты рӕгъауы ’хсӕн куыд вӕййы, афтӕ: куы сӕм бабырсы, уӕд сӕ ныссӕнды ӕмӕ сӕ аскъуыдтӕ кӕны.


амораг паддзах Сигоны сахартӕ иууылдӕр (йӕ сӕйраг сахар уыди Хешбон) аммонӕгты арӕны онг;


Рувимы ӕмӕ Гады хӕдзарвӕндӕгтӕн ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иннӕ ӕмбисӕн та Дунедарӕджы цагъар Моисей сӕ зӕххы хай раздӕр радта — Иорданы скӕсӕнварс:


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ