19 Хохы сӕрмӕ хондзысты уыдон адӕмы, ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нывӕндтӕ хӕсдзысты, уымӕн ӕмӕ фурды бӕрӕчет ӕмӕ змисы ӕмбӕхст хӕзнатӕй цӕрдзысты“.
Зевулон! Ӕввахс ӕрцӕрдзӕни фурдмӕ, ӕмӕ йӕ бӕстӕ наулӕууӕн суыдзӕн. Йӕ арӕнтӕ ӕххӕсдзысты Сидонмӕ.
«Уый Мӕ уаз хох Сионы цъуппыл Ӕз сой рауагътон Мӕ паддзахы сӕрыл».
Уӕ масты фӕдыл цӕугӕйӕ, тӕригъӕд ма исут уӕхимӕ; уӕ хуыссӕнуаты ахъуыды кӕнут ӕмӕ ӕрсабыр ут.
Нывӕндтӕ хӕссут, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕмӕ Дунедарӕгыл уӕ зӕрдӕ дарут.
Дунедарӕг, Ды ӕрцӕрын кӕндзынӕ уыдоны Дӕ хохыл! Дӕхицӕн цӕрӕн кӕм сарӕзтай, Бардарӕг, Дӕ къухӕй Уаз Цӕрӕн кӕм скодтай, уым!
Бирӕтӕ бацӕудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Цӕй ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ. Уый нын бацамондзӕн Йӕ фӕндӕгтӕ, цӕмӕй Йӕ фӕдыл цӕуӕм». Афтӕ уымӕн дзырдтой, ӕмӕ хъуамӕ Сионы хохӕй, Йерусалимӕй, рацыдаид Дунедарӕджы Ӕгъдау, Йӕ ныхас.
Адӕмтӕ ӕмӕ дыл паддзӕхтӕ ауддзысты, мад йӕ дзидзидай сабийы йӕ риуы ’хсырӕй куыд фӕхӕссы, уыйау. Ӕмӕ уӕд базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау.
Куы сӕ фенай, уӕд дӕ цӕсгом барухс уыдзӕн. Фыр цинӕй дӕ зӕрдӕ нырриздзӕни, арвыл абаддзӕн. Адӕмты хъӕздыг фӕллӕйттӕ дӕ къухы бафтдзысты, денджызы сӕрты дӕм ӕрбахӕццӕ уыдзысты.
Бирӕ адӕмтӕ ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Цомут ӕмӕ ссӕуӕм Дунедарӕджы хохмӕ, Йаковы Хуыцауы хӕдзармӕ, Йӕ фӕндӕгтыл нӕ сахуыр кӕндзӕн, ӕмӕ Йӕ цӕуӕнтыл цӕудзыстӕм». Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдау рацӕудзӕни Сионӕй, Дунедарӕджы ныхас — Йерусалимӕй.
Систа сӕ Уый зӕххы бӕрзӕндтӕм ӕмӕ сӕ быдыры тыллӕгӕй хаста, айнӕгӕй сын мыд лӕмӕрста, къӕдзӕхӕй — оливӕйы сой,
Ӕмӕ сымах дӕр цардӕгас дуртау уӕхи раттут Хуыцауӕн, уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн; уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывӕндтӕ — лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.