Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 33:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Уый — галы фыццаг цӕуӕт, фидыцджын, хъӕддаг галы сыкъатау — йӕ сыкъатӕ. Фелвасдзӕни сыл адӕмты, зӕххы кӕрӕттӕм дӕр аххӕсдзӕн. Уыцы сыкъатӕ — Ефремы фӕдонтӕ дӕсгай минтӕй, Менассиайы байзӕддӕгтӕ — мингӕйттӕй“.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 33:17
27 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ йӕм фыд нӕ байхъуыста, загъта: «Зонын ӕй, мӕ фырт, зонын. Уымӕй дӕр рантысдзӕн адӕм, уый дӕр уыдзӕни номдзыд лӕг. Фӕлӕ йӕ кӕстӕр ӕфсымӕр суыдзӕни ноджы номдзыддӕр, йӕ байзӕддӕгтӕ уыдзысты ӕнӕнымӕц».


Сӕ иу, Кенаанайы фырт Цедекиа, йӕ сӕрыл ӕфсӕн сыкъатӕ ӕркодта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ахӕм сыкъатӕй сириӕгты цӕвдзынӕ, цалынмӕ бындзагъд фӕуой, уӕдмӕ».


Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисӕй ӕрцыди ӕстдӕс мины. Уыдонӕн фӕдзӕхст уыди, цӕмӕй Давидмӕ ацӕуой ӕмӕ йӕ паддзахӕй сӕвӕрой.


Иссахары хӕдзарвӕндагӕй ӕрцыди дыууӕсӕдӕ хистӕры. Уыдон зыдтой, Израилы адӕмы кӕд цы кӕнын хъуыди, уыдӕттӕ. Семӕ-иу сразы сты се ’ппӕт ӕрвадӕлтӕ дӕр.


Израилы зӕнӕджы хистӕр Рувим уыди, фӕлӕ йӕ фыды хуыссӕн куы фӕчъизи кодта, уӕд йӕ хистӕры кад лӕвӕрд ӕрцыд Израилы фырт Йосефы фырттӕн; ӕцӕг, хӕдзарвӕндӕгты номхыгъды Йосеф хистӕрыл нымад нӕу.


Иудӕ йе ’фсымӕртӕй тыхджындӕр уыд, ӕмӕ фӕтӕг уымӕй равзӕрди, кӕд хистӕры кад Йосефӕн лӕвӕрд уыд, уӕддӕр.


Менассиайы хӕдзарвӕндаджы иу ӕмбис цардысты Башанӕй Баал-Хермоны онг, стӕй Сенир ӕмӕ Ермоны хӕхты онг зӕххытыл. Дзӕвгар уыди сӕ нымӕц.


Сӕ иу, Кенаанайы фырт Цедекиа, йӕ сӕрыл ӕрсагъта ӕфсӕн сыкъатӕ ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ацы сыкъатӕй сириӕгты цӕвдзынӕ, цалынмӕ бындзагъд фӕуой, уӕдмӕ».


уымӕн ӕмӕ иу уысм ахӕссы Йӕ маст, Йӕ хорзӕх та — цӕрӕнбонты. Изӕрыгон райхъуысы кӕуын, райсомӕй та циндзинад фӕзыны.


Дӕ уӕрдоны ӕрбад — ӕцӕгад, сӕрныллӕгдзинад ӕмӕ рӕстдзинады сӕраппонд. Дӕ хъомысджын къух стыр хъуыддӕгтӕ саразӕд.


Паддзахӕн бирӕ цӕрӕнбон ратт, фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ куыд фӕцӕра, афтӕ;


Семӕ афӕлдӕхдзысты хъӕддаг галтӕ дӕр, родтӕ ӕмӕ хъомылтӕ. Зӕхх ныддымсдзӕни сӕ тугӕй, ныттыппыр уыдзӕни сӕ фиуӕй.


Ӕппӕт лӕмӕгъты дӕр сымах фесхойут уӕхскӕй ӕмӕ сынӕгӕй, цӕвут сӕ уӕ сытӕй, цалынмӕ сӕ дзугӕй иуварс нӕ асурут, уалынмӕ.


Ӕз федтон, фыр йӕ сыкъатӕй ныгуылӕн, цӕгат ӕмӕ хуссарӕрдӕм куыд лӕбурдта, уый. Иу сырды бон дӕр йӕ ныхмӕ фӕлӕууын нӕ уыд, цыдӕриддӕр ӕй фӕндыди, уыдӕттӕ кодта, ӕмӕ дзы фервӕзыны амал нал уыди. Рӕстӕг куыд цыд, афтӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр кодта.


Ӕз зонын Ефремы, Израилы дӕр уынын: схъахбай дӕ, Ефрем; йӕхи фӕчъизи кодта Израил.


Цы дын бакӕнон, Ефрем? Цы дын бакӕнон, Иудӕ? Райсомы мигъ ӕваст куыд фӕцыдӕр вӕййы ӕмӕ сӕууон ӕртӕх куыд тагъд ӕрбайсӕфы, уый ӕнгӕс у уӕ рӕстад.


Израилы йӕ низӕй куы дзӕбӕх кодтон, уӕд рабӕрӕг сты Ефремы тӕригъӕдтӕ, Самарийы фыдракӕндтӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнгард митӕ кӕнынц; хӕдзӕрттӕм лӕбурынц ӕмӕ уынгты адӕмы стигъынц.


Хуыцау израилӕгты ракодта Мысырӕй, Йӕ хъомыс — хъӕддаг галы сыкъатау.


Мысырӕй сӕ Чи ракодта, Уыцы Хуыцауӕн Йӕ хъомыс — хъӕддаг галы сыкъатау! Уый аныхъуырдзӕни знаг адӕмты, се стджытӕ сын ныззыгуым кӕндзӕн, сӕ фӕттӕ сын ныссӕтдзӕн!


Уыдон — Менассиайы хӕдзарвӕндӕгтӕ, нымад та дзы ӕрцыд — фӕндзай дыууӕ мин авдсӕдӕ.


Уыдон — Ефремы байзӕддӕгты хӕдзарвӕндӕгтӕ, сӕ нымадмӕ гӕсгӕ — ӕртын дыууӕ мин фондзсӕдӕ. Уыдон — Йосефы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ.


Иуахӕмы Йосефы байзӕддӕгтӕ Йешуайӕн загътой: «Иунӕг хал нын цӕмӕн сӕппӕрстай ӕмӕ нын иу хай йеддӕмӕ цӕуылнӕ радтай фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн, Дунедарӕджы арфӕйӕ тынг куы сбирӕ стӕм, уӕд?»


фӕлӕ хъӕдбыны хӕхбӕстӕ дӕр сымах уыдзӕн. Ӕрсыгъдӕг ӕй кӕнут, ӕмӕ хохрӕбынтимӕ уӕхи бауыдзӕн. Ханаанӕгтӕм та кӕд ӕфсӕндзагъд уӕрдӕттӕ ис ӕмӕ цыфӕнды тыхджын сты, уӕддӕр сӕ фӕсурдзыстут».


Аннӕ кувын райдыдта ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг мын барухс кодта мӕ зӕрдӕ, мӕ сыкъа мын бӕрзонд систа. Мӕ фыдгултыл мӕхи худӕгӕй хӕссын, цин кӕнын, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ