16 зӕххы хуыздӕр хуынтӕ ӕмӕ йе ’ппӕт бӕркад. Сындзкъутӕры ӕргом Чи рацыд, Уый арфӕ ракӕнӕд Йосефӕн, ӕфсымӕрты хуыздӕрӕн!
ӕмӕ сӕм мидианаг сӕудӕджертӕ куы ӕрбаввахс сты, уӕд Йосефы донуатӕй систой ӕмӕ йӕ ӕвзисты ссӕдз шекелыл измаелӕгтӕн ауӕй кодтой, уыдон та йӕ аластой Мысырмӕ.
Ныр мидианӕгтӕ та Йосефы аластой Мысырмӕ ӕмӕ йӕ ауӕй кодтой Потифарӕн. Уый уыди фараоны барджын, йӕ хъахъхъӕнджыты хицау.
Йе ’фсымӕртӕ йын афтӕ зӕгъынц: «Ау, ды нын паддзах уыдзынӕ? Дӕ дӕлбар уыдзыстӕм мах?» Ӕмӕ сын йӕ фынтӕ ӕмӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй ноджы тынгдӕр сӕнӕуынон ис.
Йосефӕн фынг ӕрӕвӕрдтой хицӕнӕй, ӕфсымӕртӕн дӕр хицӕнӕй, йемӕ минасгӕнӕг мысырӕгтӕн дӕр афтӕ. Мысырӕгтӕм дзуттӕгтимӕ иу фынгыл бадын ӕлгъагыл нымад у.
Дӕ фыды арфӕтӕ рагон хӕхтӕй — бӕрзонддӕр, ӕнусон къуылдымтӕй — уӕлдӕр! Ӕппӕтӕй дӕр схайджын уӕд Йосеф, — ӕфсымӕрты ’хсӕн уый куы у ӕвзӕрст.
Давиды псалом. Дунедарӕг, Дӕуыл фӕдзӕхсын мӕхи.
О Хуыцау, ссыгъдӕг мын кӕн мӕ зӕрдӕ, раст уд мын сног кӕн мӕ мидӕг.
Дӕ масты тых Дын чи базыдта? Хуыцауы тас нӕм цас фылдӕр ис, уый бӕрц нӕм къаддӕр абухы Дӕ маст.
Ус банхъӕлцау ис ӕмӕ ныййардта лӕппу. Лӕппу рӕсугъд у, уый федта ӕмӕ йӕ ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕмбӕхстӕй фӕдардта.
Данӕй бӕхты хуыррыт хъуысы, зӕхх нынкъуысы уырсыты мыр-мырӕй! Ӕрбацыдысты знӕгтӕ, ныхъуырынц зӕхх, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон, сахартӕ ӕд цӕрджытӕ».
Йосефы байзӕддӕгтӕ сӕ хӕдзарвӕндӕгтӕм гӕсгӕ: Менассиа ӕмӕ Ефрем.
Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй та Моисейы чиныджы нӕ бакастыстут, Хуыцау ӕм сындзы къутӕрӕй куыд радзырдта: „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау“?
«Кад Хуыцауӕн бӕрзӕндты, зӕххыл та фарнимӕ уӕнт, Хуыцау кӕуыл ауды, уыдон!»
Дӕу махӕн хицау ӕмӕ тӕрхоны лӕгӕй чи сӕвӕрдта, зӕгъгӕ, уыцы ныхӕстимӕ сӕхи кӕуыл атигъ кодтой, уыцы Моисейы ныр Хуыцау рарвыста хицау ӕмӕ тӕрхонгӕнӕгӕй, сындзкъутӕрӕй йӕм цы зӕд раргом ис, уый фӕрцы.
Уымӕн ӕмӕ, «зӕхх, стӕй йыл цыдӕриддӕр ис, уыдон Дунедарӕджы исбон сты».
Фӕлӕ уын исчи куы зӕгъа: «Уый мӕнгхуыцауӕн хаст нывонд у», уӕд зӕгъӕгӕй ма фефсӕрмы кӕнут ӕмӕ дзы ма бахӕрут.
Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.