14 уӕз кӕнынц йӕ зӕххӕн хурӕй ӕфсӕст ӕмӕ мӕйӕ рӕвдыд бӕркӕдтӕ;
уый у сӕуӕхсиды, ирд райсомы ’нгӕс, ӕрдзы срухсау, зӕххӕй кӕрдӕг чи сзайын кӕны, уыцы къӕвдайы фӕстӕ“.
цалынмӕ Хуыцауы ныхас сӕххӕст ис, уӕдмӕ. Дунедарӕг ӕй бафӕлвӕрдта Йӕ ныхасӕй.
Чысыл сабитӕ ӕмӕ дзидзидайтӕн сыстауын кодтай Дӕхи, Де знӕгтӕн Ды равдыстай Дӕ хъару, цӕмӕй фыдгултӕ базоной сӕ бон.
Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.
уӕд уын афоныл ӕрвитдзынӕн къӕвдатӕ, ӕмӕ уын зӕхх дӕтдзӕни тыллӕг, бӕлӕстӕ та — дыргътӕ.
Сымахыл та, Мӕ номӕн кад чи кӕны, уыдоныл, скӕсдзӕни рӕстдзинады хур. Йӕ тынтӕ ӕвдадзы хос сты, ӕмӕ, фосдонӕй ӕддӕмӕ кӕй рауагътой, уыцы хӕрзхаст родтау гӕппытӕ кӕндзыстут.
Ӕмӕ уӕд уыдзыстут уӕ Уӕларвон Фыды хъӕбултӕ — Уый хур скӕсын кӕны хӕларзӕрдӕтыл дӕр ӕмӕ фыдзӕрдӕтыл дӕр, къӕвда рауадзы рӕстгӕнджытыл дӕр ӕмӕ тӕригъӕдджынтыл дӕр.
Фӕлӕ уӕддӕр Йӕ хорз хъуыддӕгтӕй иудадзыг ӕвдыста Йӕхи: арвӕй уын ӕрвиты къӕвда ӕмӕ йӕ афоныл дӕтты зӕххы бӕркад; хойрагӕй уӕ хӕссы ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсады».
Арфӕгонд уыдзысты Дунедарӕгӕй уӕ хордӕтты бӕркад ӕмӕ уӕ алы къухвӕллой, арфӕгонд уыдзыстут алцӕмӕй дӕр, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым.
Йосефы тыххӕй загъта: „Дунедарӕджы арфӕйӕ ӕфсӕст у йӕ зӕхх ӕрвон ӕртах ӕмӕ дӕлдзӕхы арфӕй цӕуӕг суадӕтты донӕй;
рагон хӕхтӕ ӕмӕ ӕнусон къуылдымты цыбӕйлаг лӕвӕрттӕ;
Ацы царды бонджын чи у, уыдонӕн бацамон, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой ӕмӕ ныфсджын уой, зӕрдӕ дарӕн цы мулкыл нӕй, уымӕй нӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн алцыдӕр парахатӕй Чи дӕтты, уыцы Хуыцауӕй.
сахары уынджы хӕд астӕуты. Йӕ фӕйнӕфарс дӕр зади, афӕдз дыууадӕс хатты, ӕрвылмӕй, дыргъ чи дӕтты, ахӕм царды бӕлас. Йӕ сыфтӕртӕ адӕмтӕн уыдысты ӕвдадзыхос.