Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 33:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Бениамины тыххӕй загъта: „Дунедарӕгӕн уарзон чи у, уый ӕдасӕй цӕрдзӕни Хуыцауы раз — Йӕ арм ыл Уый дары кӕддӕриддӕр, йӕ фӕсчъылдым лӕууы“.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 33:12
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Давид йӕ усӕн, Вирсавийӕн, ныфсытӕ бавӕрдта. Бацыди йӕм ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Уый йын ныййардта фырт, ӕмӕ йыл Давид сӕвӕрдта ном Соломон. Дунедарӕгӕн Соломон фӕуарзон ис


ӕмӕ пехуымпар Натаны барвыста, цӕмӕй йыл уый, Дунедарӕджы фӕндонмӕ гӕсгӕ, сӕвӕра ном Йедидйа.


Роховам куыддӕр Йерусалиммӕ бахӕццӕ ис, афтӕ Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ ӕстай мин ӕвзаргӕ хӕстоны, цӕмӕй Израилимӕ схӕцой ӕмӕ Соломоны фыртӕн йӕ паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къухы бакӕной.


Роховам Йерусалиммӕ куы ’рбахӕццӕ ис, уӕд Иудӕ ӕмӕ Бениамины хӕдзарвӕндӕгтӕй ӕрӕмбырд кодта сӕдӕ ӕстай мин ӕвзаргӕ хӕстоны, цӕмӕй Израилы ныхмӕ схӕцой ӕмӕ Роховамӕн йӕ паддзахад фӕстӕмӕ йӕ къухы бакӕной.


ӕмӕ уый Асайы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Аса, стӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕм, ӕрбайхъусут-ма уе ’ппӕт дӕр! Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ, цалынмӕ уӕхӕдӕг Йемӕ уат, уӕдмӕ. Куы Йӕ агурат, уӕд уӕм раргом уыдзӕн. Фӕлӕ Йӕ куы ныууадзат, уӕд уыл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.


Уадз, ӕнусмӕ Дӕ цатыры ’рцӕрон, Дӕ базыры бын ссарон ӕнцой.


дӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндырты зӕлтимӕ.


ӕмӕ сӕ бафидар кӕн ефоды уӕхскбостыл. Уыцы дуртӕ — Израилы фыртты мысынӕн. Аарон сын Дунедарӕджы раз сӕ нӕмттӕ хӕссӕд йӕ дыууӕ уӕхскыл — мысынӕн.


ӕмӕ йын Ӕз загътон: „Ӕлгъ дыл кӕндзысты ӕмӕ дыл худдзысты Сионы хохы цӕрджытӕ, Йерусалимы адӕм.


Ӕз бахъахъхъӕндзынӕн ацы сахар, фервӕзын ӕй кӕндзынӕн Мӕхи ӕмӕ Мӕ цагъар Давиды сӕраппонд».


Ӕз айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ фидар сарӕзтон зӕхх. Ӕмӕ Сионы цӕрджытӕн зӕгъын, сымах Мӕ адӕм стут! Фӕдзӕхсын уын, адӕмы рӕгъмӕ куыд хӕссат Мӕ уынаффӕтӕ. Ӕмӕ уӕ Ӕз Мӕ базыры бын бакӕндзынӕн».


Ӕз ныууагътон Мӕ Хӕдзар ӕмӕ Мӕ исбон, ӕппӕтӕй зынаргъдӕр Мын цы у, уый знӕгты къухтӕм радтон.


Бениамины хӕдзарвӕндагӕй — Елидад, Кислоны фырт.


Йерусалим, Йерусалим, пехуымпарты цӕгъдӕг ӕмӕ, кӕй йӕм ӕрвитынц, уыдоны дуртӕй марӕг! Цал хатты хъавыдтӕн, маргъ йӕ лӕппынты йӕ базырты бын куыд бакӕны, афтӕ дын дӕ хъӕбулты ӕрбамбырд кӕнын, фӕлӕ сымах нӕ бафӕндыди!


Фӕлӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ куы ахизат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым куы ӕрбынат кӕнат, куы уӕ фервӕзын кӕна Уый уӕ алыварс знӕгтӕй ӕмӕ ӕдасӕй цӕрын куы райдайат,


Цӕргӕс йӕ ахстон куыд хъахъхъӕна, йӕ лӕппынты сӕрмӕ куыд зилдух кӕна, афтӕ йӕ базыртӕ айтыгъта ӕмӕ сӕ фелвӕста ӕмӕ ахаста.


Арфӕ ракӕн, Дунедарӕг, йӕ хъаруйӕн ӕмӕ йын йӕ хъуыддӕгтӕ фӕрӕстмӕ кӕн. Ныффалгӕрон ын кӕн йӕ фыдгулты, цӕмӕй йе знӕгты бон растын мауал суа“.


Уӕ фыдӕлты уын кӕй уарзта, сӕ хъӕстӕ дӕр сын уымӕ гӕсгӕ равзӕрста. Йе стыр хъаруйы фӕрцы уӕ ракодта Мысырӕй,


Бениамины байзӕддӕгтӕ йевусӕгтӕй Йерусалимы сахар нӕ байстой, ӕмӕ йевусӕгтӕ абоны онг Бениамины байзӕддагимӕ Йерусалимы цӕрынц.


Самуел фӕсидти Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕм. Сӕппӕрстой хӕлттӕ, ӕмӕ схаудта Бениамины хӕдзарвӕндаджы хал.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ