Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Иууылбӕрзонд адӕмтӕн хӕйттӕ куы лӕвӕрдта ӕмӕ иу адӕмы иннӕмӕй куы хицӕн кодта, уӕд сын сӕ арӕнтӕ Хуыцауы фыртты нымӕцмӕ гӕсгӕ снысан кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:8
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ханааны байзӕддӕгтӕ: йӕ хистӕр — Сидон, уый кӕстӕр — Хет,


Еверӕн райгуырди дыууӕ фырты: сӕ иу хуынди Пелег. Ахӕм ном ыл сӕвӕрдтой, зӕхх уыцы рӕстӕджы уӕрст кӕй ӕрцыди, уымӕ гӕсгӕ. Йе ’фсымӕр хуынди Йоктан.


Уыдонӕй равзӕрдысты, денджызы сакъадӕхтыл чи ӕрцарди, уыцы адӕмтӕ. Гъе адон сты Йафеты байзӕддӕгтӕ. Цы адӕмыхӕттытӕ сӕ равзӕрди, уыдон се ’ппӕт дӕр дих кодтой хицӕн мыггӕгтыл. Алы адӕмыхаттӕн дӕр уыдис йӕхи зӕхх ӕмӕ йӕхи ӕвзаг.


Уый загъта: «Ханааны зӕхх уын фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн ратдзынӕн».


Ӕрмӕстдӕр уыдонӕн лӕвӕрд ӕрцыди зӕхх, ӕмӕ ӕндӕр искӕмӕн се ’хсӕн бынат нӕй.


Раздах мын Дӕ ирвӕзындзинады цин, Дӕ хъомысджын Удӕй мӕ сфидар кӕн.


Йӕ фыдракӕнд йӕхи ныхмӕ рауайы, йӕхи сӕрыл ӕрцӕуы.


Ӕмзӕрдӕйӕ баныхас кодтой, Дӕ ныхмӕ цӕдис сарӕзтой:


ӕврӕгъты онг ссӕудзынӕн ӕмӕ Бӕрзонд Хуыцауы ӕмсӕр суыдзынӕн».


Паддзах, ды дӕ фыны федтай егъау ӕмӕ фидар бӕлас. Йӕ цъуппӕй арвыл ӕндзӕвыд ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕм зынди.


Паддзах! Дӕ фыд Навуходоносорӕн Иууылбӕрзонд Хуыцау радта паддзахдзинад, кад ӕмӕ цыт.


Уымӕ гӕсгӕ дын дӕ зӕхх адих кӕнынӕн Дунедарӕджы ӕмбырды хӕлттӕ сӕппарӕг нӕ уыдзӕн.


Къӕдзӕхы сӕрӕй сӕм кӕсын, къуылдымтӕй сӕм фӕлгӕсын: хибарӕй цӕрынц ӕмӕ иннӕ адӕмтимӕ нымад не сты уыцы адӕм.


Хуыцауы ныхӕстӕ чи хъусы, йӕ зонынад Иууылбӕрзондӕй лӕвӕрд кӕмӕн у, Ӕппӕтхъомысы цӕстылуайӕнтӕ чи уыны, зӕххыл чи ӕрхауы, фӕлӕ йӕ цӕстытӕ гомӕй кӕмӕн баззайынц, уый.


Иу адӕймагӕй равзӕрын кодта ӕппӕт адӕмы, цӕмӕй ӕгас зӕххыл ӕрцӕрой, ӕмӕ алкӕмӕн дӕр снысан кодта бӕлвырд рӕстӕг ӕмӕ арӕнтӕ цӕрынӕн.


Фӕлӕ Иууылбӕрзонд къухӕйконд хӕдзӕртты нӕ цӕры! Уый фӕдыл пехуымпар зӕгъы:


Цӕрдзӕни ӕдасӕй Израил, хибарӕй цӕрдзӕнис Йаков, арвӕй ӕртӕх кӕм лӕдӕрсы, уыцы хор ӕмӕ сӕны бӕстӕйы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ