Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

7 Ӕрхъуыды-ма кӕн рагзамантӕ, раздӕры фӕлтӕрты хабӕрттӕ. Бафӕрс-ма дӕ фыды, ӕмӕ дын ракӕндзӕн сӕ кой; уӕ зӕрӕдты-ма бафӕрс, ӕмӕ дын радзурдзысты уыдон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:7
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый фыдгӕнджытыл судзгӕ ’взалытӕ, сондон ӕруарын кӕндзӕн къӕвдайау, судзгӕ зилгӕ уад — сӕ хай.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Мелоди «Хъоппӕджытӕ»-йы зӕлтӕм гӕсгӕ. Корахы фыртты зондамонӕн псалом. Уарзондзинады зарӕг.


Мӕ зӕрдӕйӕ рацыдысты фарны дзырдтӕ. Мӕ зарӕг — Паддзахыл. Ме ’взаг — дӕсны фыссӕджы сис.


Цӕмӕй сӕ фыдӕлты хуызӕн ма уой — нӕсӕттон ӕмӕ змӕнтӕг фӕлтӕр, уыдон ӕппӕт зӕрдӕйӕ Хуыцауимӕ нӕ уыдысты, ӕнувыд Ыл нӕ разындысты сӕ удтӕ.


О Дунедарӕг, ӕнусмӕ нӕм мӕсты кӕндзынӕ? Артау кӕдмӕ судздзӕн Дӕ маст?


Уӕ цот уӕ куы фӕрсой, уый цы ӕгъдау у, зӕгъгӕ,


Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый.


Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут, тӕккӕ райдианы, незаманты, цытӕ сарӕзтон, уый. Ӕз Хуыцау дӕн, Мӕн йеддӕмӕ нӕй Хуыцау, Мӕн хуызӕн никуы ис ӕндӕр.


Махӕн нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты рагзамантӕ, Моисейы хабӕрттӕ, ӕмӕ ныдздзынӕзтам: «Денджызы хуылфӕй нӕ Йӕ адӕмы фыййауимӕ Чи ракодта, Уый цы фӕцис? Кӕм ис, Моисейы Йӕ Сыгъдӕг Удӕй Чи схайджын кодта,


Ӕрфӕрсут-ма раздӕры заманты тыххӕй, уӕ размӕ, Хуыцау зӕххыл адӕймаджы куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ цы уыди, уыдӕттӕй, кӕддӕра арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ искуы ахӕм стыр диссаг ӕрцыди, ахӕмӕй исты фехъуыстӕуыд?


Ӕртасын уӕ кӕныны ӕмӕ, Йӕ фӕдзӕхстытӕн уӕ зӕрдӕйы цы бынат ис, уый базоныны охыл уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, дыууиссӕдз азы дӕргъы ӕдзӕрӕг быдыры цы фӕндагыл фӕкодта, уый уӕ рох ма уӕд.


Гедеон ын дзуапп радта: «Ме ’лдар, кӕд Дунедарӕг ӕцӕгӕйдӕр немӕ ис, уӕд ныл ацы бӕллӕхтӕ цӕмӕн ӕрцыдысты? Нӕ фыдӕлтӕ-иу Дунедарӕджы диссӕгты кой арӕх ракодтой. Кӕм сты ныр Йӕ уыцы диссӕгтӕ? Афтӕ-иу нын куы дзырдтой, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй ракодта, зӕгъгӕ. Ныр нӕ Дунедарӕг мидианӕгты къухмӕ куы радта!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ