Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:46 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

46 уӕд загъта: «Ацы ныхӕстӕ уӕ зӕрдыл бадарут ӕмӕ сӕ уӕ цотӕн амонут, цӕмӕй ацы Ӕгъдау бӕстон ӕххӕст кӕной.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:46
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гъемӕ уӕдӕ уӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕ уды ӕппӕт хъаруйӕ агурут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, саразут Ын Кувӕндон. Йӕ номыл цы хӕдзар сырӕза, уырдӕм-иу бахӕссут Фидыды Чырын ӕмӕ Хуыцауы уаз мигӕнӕнтӕ».


О Дунедарӕг, ӕнусмӕ нӕм мӕсты кӕндзынӕ? Артау кӕдмӕ судздзӕн Дӕ маст?


Рӕстдзинады фӕндагыл — цард, йӕ цӕуӕнтыл нӕ сӕмбӕлдзынӕ мӕлӕтыл.


Уыцы лӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Кӕс дӕ цӕстытӕй, хъус дӕ хъустӕй ӕмӕ фиппай, цыдӕриддӕр дын равдисон, уыдӕттӕ. Ардӕм уый тыххӕй конд ӕрцыдтӕ, цӕмӕй дын сӕ равдисон. Ӕмӕ, цыдӕриддӕр фенай, уый-иу Израилы адӕмӕн радзур».


Дунедарӕг мын загъта: «Адӕймаджы фырт! Дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ хъустӕ байгом кӕн ӕмӕ дӕ зӕрдыл бадар, Дунедарӕджы хӕдзары ӕппӕт уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕппӕт ӕгъдӕутты тыххӕй дын цы дзурын, уыдӕттӕ. Дӕ хъус дар, Кувӕндоны бацӕуӕнтыл мидӕмӕ дӕр ӕмӕ ӕддӕмӕ дӕр цӕуын кӕмӕн ӕмбӕлы, уыдонмӕ.


Дунедарӕг израилӕгтӕн афтӕ зӕгъы: «Раздӕхут Мӕм ӕмӕ удӕгасӕй баззайдзыстут.


«Ныртӕккӕ цы зӕгъдзынӕн, уымӕ байхъусут лӕмбынӕг: Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн адӕмы къухмӕ».


Уӕдӕ уын абон кӕй фӕдзӕхсын, уыцы ныхӕстӕ уӕ зӕрдӕйы арф бавӕрут, алкӕддӕр уӕнт уӕ хъуыдыйы. Уӕ къухыл сӕ фӕнысан кӕнут, уӕ ныхыл сӕ бабӕттут.


Дзурут ӕмӕ сӕ дзурут уӕ цотӕн, фӕлхат сӕ кӕнут хӕдзары дӕр ӕмӕ фӕндагыл дӕр, ӕхсӕв ӕрхуысгӕйӕ дӕр ӕмӕ райсомӕй растгӕйӕ дӕр.


Ӕмӕ сӕ ӕппӕт Израилӕн куы фехъусын кодта Моисей,


Рох уӕ макуы уӕнт ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Уӕд уын ӕппӕт адӕмтӕ фендзысты уӕ куырыхон зонд; ацы уагӕвӕрдтӕ фехъусгӕйӕ, зӕгъдзысты: „Куыд ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын сты ацы стыр адӕм!“


Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.


Уӕдӕ, цы фехъуыстам, уымӕ хъуамӕ уӕлдай ӕргом здахӕм, цӕмӕй ма фӕдзӕгъӕл уӕм.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ