38 Сӕ нывӕндты фиу ӕмӕ сын-иу сӕ кувинаг сӕнӕй чи ацахуыста, уыдон? Ӕххуысмӕ уӕм растӕнт ӕмӕ уӕ фервӕзын кӕнӕнт, уыдон рахӕцӕнт уӕ сӕрыл!“
Ма мӕ фӕсур Дӕхицӕй, Дӕ Сыгъдӕг Удӕй мӕ ӕнӕхай ма фӕкӕн.
Уыцы зӕххы цӕрджытимӕ макуы бафидаут. Кӕннод, сӕ хуыцӕуттӕм кувгӕйӕ, нывӕндтӕ сын хӕсгӕйӕ, фӕхондзысты сымах дӕр, ӕмӕ сын сӕ нывӕндты дзидзайӕ хӕрдзыстут.
Ӕмӕ уӕд Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ цы хуыцӕуттӕн судзынц, уыдонмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сын бӕллӕхы заман уыдон ницӕмӕй феххуыс уыдзысты.
Вавилойнаг паддзах сымахмӕ, ацы зӕхмӕ, не ’рбабырсдзӕн, зӕгъгӕ, цы пехуымпартӕ дзырдтой, уыдон цы фесты?
Даниил фидарӕй сфӕнд кодта нӕфӕтчиаг хӕринаг ӕмӕ нозтӕй йӕхи нӕ фӕхъӕстӕ кӕнын ӕмӕ лӕггадгӕнджыты хистӕрӕн загъта, ахӕм бар мын ратт, зӕгъгӕ.
Уый нӕ зыдта, Ӕз ын кӕй лӕвӕрдтон хӕринаг, сӕн ӕмӕ сой, ӕнӕнымӕц ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин, уый та Баалы гуымиры сарӕзта.
Аароны байзӕддӕгтӕй истӕмӕй сахъат чи уа, уыдонӕй иуӕн дӕр Дунедарӕгӕн нывӕндтӕ хӕссӕн нӕй. Сахъатӕн Дунедарӕджы нывондхӕссӕнмӕ хойраг хӕссын не ’мбӕлы.
Дунедарӕг ӕппӕт хуыцаугӕндты куы сӕгад кӕна, уӕд адӕмы тасы бафтаудзӕн, ӕмӕ Йын алы бӕстӕйы дӕр адӕмтӕ кувдзысты.
Ӕрбынат кодтой израилӕгтӕ Ситтимы, ӕмӕ моаваг сылгоймӕгтимӕ хӕтын райдыдтой.
Уыдон адӕмы сӕ хуыцӕутты нывӕндтӕм хуыдтой, ӕмӕ дзы хордтой адӕм ӕмӕ сын куывтой сӕ хуыцӕуттӕн.
Ацӕут ӕмӕ, уӕхицӕн цы хуыцӕутты равзӕрстат, уыдонмӕ дзыназут. Уыдон уӕ фыдбылызӕй фервӕзын кӕнӕнт!»