37 Зӕгъдзӕни: „Кӕм сты сӕ хуыцӕуттӕ, сӕ зӕрдӕ кӕуыл дардтой, уыцы фидӕрттӕ?
Мӕ Хуыцау — мӕ айнӕг къӕдзӕх, уым агурын мӕхицӕн ӕмбӕхсӕн. Уый — мӕ уарт, мӕ ирвӕзӕн хох, мӕ фидар гӕнах. Ды — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, фыдбылызӕй мӕ бахызтай.
Елисей Израилы паддзахӕн загъта: «Мӕнмӕ цы ’рбацыдтӕ? Дӕ мад ӕмӕ дӕ фыд цы пехуымпартыл сӕ зӕрдӕ дардтой, уыдонмӕ ацу!» Израилы паддзах загъта: «Уыдонӕй нын ницы пайда ис, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг мах, ӕртӕ паддзахы, моавӕгты къухтӕм раттинаг у ӕмӕ нӕ ацы фӕндагыл уый тыххӕй рарвыста».
Уыцы зӕххы цӕрджытимӕ макуы бафидаут. Кӕннод, сӕ хуыцӕуттӕм кувгӕйӕ, нывӕндтӕ сын хӕсгӕйӕ, фӕхондзысты сымах дӕр, ӕмӕ сын сӕ нывӕндты дзидзайӕ хӕрдзыстут.
Фыр тӕссӕй сӕ паддзах дӕр лидзӕг фӕуыдзӕн, йӕ дӕлдӕртӕ — ӕфсады хицӕуттӕ — ӕмризӕджы нырриздзысты иудейаг тырысайы уындӕй!» — зӕгъы Дунедарӕг, Сионы хохыл Йӕ арт Кӕмӕн судзы, Йӕ къона Йерусалимы Кӕмӕн ис, Уый.
Ӕмӕ уӕд Иудейы сахартӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтӕ цы хуыцӕуттӕн судзынц, уыдонмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сын бӕллӕхы заман уыдон ницӕмӕй феххуыс уыдзысты.
Кӕм сты уӕ хуыцӕуттӕ, уӕхӕдӕг кӕй сарӕзтат, уыдон? Ӕрцӕуӕнт ӕмӕ уӕ уыдон фервӕзын кӕнӕнт уӕ фыдбылызы заман, кӕд сӕ бон у, уӕд! О Иудей, дӕ сахартӕ цӕйбӕрц сты, дӕ хуыцӕуттӕ дӕр — уый бӕрц!
Вавилойнаг паддзах сымахмӕ, ацы зӕхмӕ, не ’рбабырсдзӕн, зӕгъгӕ, цы пехуымпартӕ дзырдтой, уыдон цы фесты?
Ацӕут ӕмӕ, уӕхицӕн цы хуыцӕутты равзӕрстат, уыдонмӕ дзыназут. Уыдон уӕ фыдбылызӕй фервӕзын кӕнӕнт!»