Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:36 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

36 Дунедарӕг Йӕ адӕмы сӕрыл рахӕцдзӕни, Йӕ цагъартӕн фӕтӕригъӕд кӕндзӕни, сӕ хъару басаст ӕмӕ сӕрибарӕй, цагъарӕй царӕфтыд кӕнынц, уый куы фена, уӕд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:36
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уымӕ гӕсгӕ дын дӕ хӕдзаронты фыдбылызы амӕттаг бакӕндзынӕн, цагъайраг уа ӕви сӕрибар — Израилы адӕмы ’хсӕн Йоровамы хӕдзарвӕндагӕй иу лӕппу-байзӕддаджы дӕр нал ныууадздзынӕн, фаджыс мӕрзӕгау се ’ппӕты дӕр рамӕрздзынӕн.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг зӕгъы: „Ӕз Ахавы хӕдзаронты фыдбылызы амӕттаг бакӕндзынӕн, цагъайраг уа ӕви сӕрибар — иу лӕппу-байзӕддаг дӕр ӕм нал ныууадздзынӕн Израилы адӕмы ’хсӕн.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Израилы адӕмӕн федта сӕ тыхст уавӕр, сӕрысӕфтмӕ кӕй цӕуынц ӕмӕ сыл иу фӕхӕцӕг кӕй нал ис, уый.


Ахавы хӕдзарвӕндаг бабын уыдзӕн, стырӕй, чысылӕй дзы иу нӕлгоймаг дӕр нал ныууадздзынӕн Израилы адӕмы ’хсӕн.


ӕмдзӕхгӕр сис-уылӕнты ’хсӕнты Израилы адӕмы ракодта — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;


Ӕрӕхс мын мӕ азым, ссыгъдӕг мӕ кӕн мӕ тӕригъӕдӕй!


Дӕ алыварс ӕрӕмбырд уыдзысты адӕмтӕ, Ды сӕ сӕрмӕ бӕрзонд Дӕ паддзахы бадӕны ӕрбад!


Домбай ӕмӕ сау калмы дӕ къӕхты бын кӕндзынӕ, домбай ӕмӕ залымы ныссӕнддзынӕ.


Ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ фӕнд аивта — Йӕ адӕммӕ цы бӕллӕхӕй ӕвзыста, уый амӕттаг сӕ нал фӕкодта.


Фӕлӕ Дунедарӕг тыхджын ӕфсӕддонау мемӕ ис ӕдзухдӕр. Уымӕ гӕсгӕ, мӕ фӕдыл чи зилы, уыдон фӕкӕлдзысты, нӕ мыл фӕуӕлахиз уыдзысты. Худинаджы бын фӕуыдзысты, цӕмӕ бӕллынц, уый сӕ къухы нӕ бафтдзӕн, сӕ худинаг нӕ ферох уыдзӕн мыггагмӕ.


«Ау, Ефрем Мӕ зынаргъ фырт нӕу? Ау, Мӕ уарзон хъӕбул нал у? Фыдбылызтӕ йын арӕх ӕвзарын кодтон, фӕлӕ Мӕ рох нӕу. Мысын ӕй, ныххатыр ын кӕндзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


„Ацы зӕххыл куы баззайат, уӕд уӕ сфидар кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ нӕ ныппырх кӕндзынӕн; байтаудзынӕн уӕ ӕмӕ уӕ не срӕдувдзынӕн, уымӕн ӕмӕ, цы бӕллӕх уын бавзарын кодтон, ууыл фӕсмон кӕнын.


Ӕз ын фехъуыстон йӕ дзуапп. Йӕ къухтӕ хӕрдмӕ сдаргӕйӕ, Ӕнусты Цӕрӕгӕй расомы кодта: «Ӕмгъуыд, дыууӕ ӕмгъуыды ӕмӕ ӕмгъуыды ӕрдӕджы фӕстӕ. Хуыцауы ӕвзӕрст адӕмы ныхмӕ тох куы ничиуал кӕна, уӕд ӕппӕтӕн дӕр кӕрон ӕрцӕудзӕни».


Чи зоны, ӕмӕ уын ныббара, Йӕ арфӕйӕ уӕ схайджын кӕна, ӕмӕ та уӕ Дунедарӕг Хуыцауы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ хӕссат.


Уӕд Дунедарӕг фӕтӕригъӕд кӕндзӕн Йӕ зӕххӕн, ӕркӕсдзӕнис Йӕ адӕммӕ.


Ацы зӕхх куы ныууадзой ӕмӕ куы сафтид уа, уӕд йӕ сабаты азтӕ баххӕст кӕндзӕн, цалынмӕ уыдон сӕ тӕригъӕдтӕ фидой, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ амындтытыл сӕхи атигъ кодтой, Мӕ уагӕвӕрдтыл ӕлгъ кодтой.


Ӕмӕ Дунедарӕг аивта Йӕ фӕндон. «Нӕ уыдзӕн уый» — загъта Дунедарӕг.


Ӕмӕ Дунедарӕг йӕ фӕндон аивта. «Нӕ уыдзӕн уый дӕр» — загъта Дунедарӕг.


Мах зонӕм, афтӕ Чи загъта: «Мӕ бар уадзут маст исын, Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн». Ӕмӕ ноджыдӕр: «Бардарӕг тӕрхон кӕндзӕн Йӕ адӕмӕн».


Дунедарӕг-иу израилӕгтӕн ног фӕтӕджы куы радта, уӕд-иу йӕ фарсмӕ уыди Йӕхӕдӕг. Уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг тӕригъӕд кодта, се знӕгты ӕфсондзы бын куыд хъӕрзынц, уымӕ кӕсгӕйӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ