35 Мӕ бар уадзут маст исын, аккаг сын фӕуыдзынӕн Ӕз, иу афон фӕцуддзысты. Сӕ кӕрон ӕрхӕццӕ ис, рӕхджы сӕ баййафдзӕни сӕ адзал“.
Ламех йӕ устытӕн загъта: «Ада ӕмӕ Циллӕ, ӕрбайхъусут ардӕм! Ламехы устытӕ, хъусут мӕ ныхӕстӕм! Ӕз амардзынӕн, чи мӕ фӕцӕф кӕна, уыцы лӕджы. Мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн, чи мӕ ныццӕва, уыцы лӕппуйы.
Хуыцау — мӕ мастисӕг, адӕмты мын бакодта мӕ дӕлбар.
Ды ныццӕгъддзынӕ дӕ паддзах Ахавы байзӕддӕгты ӕмӕ Мын афтӕмӕй райсдзынӕ Мӕ маст. Райсдзынӕ, Иезавел кӕй амарын кодта, Мӕ уыцы цагъарты туг: Мӕ пехуымпарты ӕмӕ Ме ’ппӕт лӕггадгӕнджыты туг.
Ӕрбацӕут ӕмӕ цины зарӕгӕй Дунедарӕджы сыстауӕм, кад кӕнӕм Хуыцауӕн, нӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхӕн.
Ныр цу ӕмӕ адӕмы акӕн, кӕдӕм дын загътон, уырдӕм. Мӕ зӕд цӕудзӕни дӕ разӕй. Мӕ разы чи фӕтӕригъӕдджын, уыдоны та, бафхӕрыны бон куы ралӕууа, уӕд бафхӕрдзынӕн».
ӕнӕхуыцӕутты фӕндаг — саудалынджы ’нгӕс, цӕуыл фӕкӕлдзысты, уый нӕ зонынц.
Сӕ галуанты рӕйдзысты гиенӕтӕ, сӕ хиирхӕфсӕн бынӕтты ниудзысты хъӕддаг куыйтӕ.
Уыдон зӕгъынц: «Хуыцау тагъддӕр рахӕссӕд Йӕ тӕрхон, цӕмӕй Йын ӕй фенӕм, сӕххӕст кӕнӕд Йӕ фӕнд, ӕмӕ Йын ӕй базонӕм!»
Чысыл къордӕй рантысын кӕндзынӕн минтӕ, цауд адӕмы скӕндзынӕн хъомысджын. Афон куы ’рцӕуа, уӕд Ӕз, Дунедарӕг, уыцы хъуыддаг сараздзынӕн уадидӕгӕн».
Ӕмӕ бирӕтӕ фӕкӕлдзысты, ӕрхаудзысты ӕмӕ ныппырх уыдзысты, къӕппӕджы бахаудзысты, ахст ӕрцӕудзысты.
Сыстаут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, цалынмӕ Уый нӕ баталынг кодта дуне ӕмӕ саудалынджы нӕ фӕкалдыстут, уӕдмӕ. Рухсмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсдзыстут, фӕлӕ йӕ Уый тар ӕмӕ саудалынг фестын кӕндзӕн.
Фӕлӕ Дунедарӕг тыхджын ӕфсӕддонау мемӕ ис ӕдзухдӕр. Уымӕ гӕсгӕ, мӕ фӕдыл чи зилы, уыдон фӕкӕлдзысты, нӕ мыл фӕуӕлахиз уыдзысты. Худинаджы бын фӕуыдзысты, цӕмӕ бӕллынц, уый сӕ къухы нӕ бафтдзӕн, сӕ худинаг нӕ ферох уыдзӕн мыггагмӕ.
Уымӕ гӕсгӕ сӕ фӕндаг талынг ӕмӕ бырынцъаг суыдзӕн; фесхойдзысты сӕ, ӕмӕ зӕхмӕ ахаудзысты, уымӕн ӕмӕ, сӕ тӕрхоны аз куы ралӕууа, уӕд сын фыдбылыз бавзарын кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. —
Вавилонмӕ фӕзындзӕни дӕрӕнгӕнӕг, йӕ хӕстонты йын уацары акӕндзысты, сӕ фӕттӕ сын ныссӕтдзысты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Хуыцау алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ фиды, ӕххӕстӕй сын сӕ бафиддзӕн.
Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Мӕнӕ Ӕз ацы адӕмы размӕ ӕвӕрын цӕлхдуртӕ; фӕкӕлдзысты сыл, фесӕфдзысты фыдӕй, фыртӕй, сыхӕгтӕ сӕ хӕлӕрттимӕ бабын уыдзысты».
Ӕмӕ се ’лгъаг миты фӕстӕ ӕфсӕрмы фӕкӕнынц, мыййаг? Нӕ, ӕфсӕрмы кӕнын сӕ хъуыдыйы дӕр нӕй, къӕмдзӕстыгдзинад цы у, уый зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц. Уый тыххӕй дзыхъмард фӕуыдзысты, Мӕ азары бон афӕлдӕхдзысты зӕххыл, — зӕгъы Дунедарӕг.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Мӕнӕ ӕрбацӕуы фыдбылыз.
Рох нӕу Ефремы фыдракӕнд, йӕ тӕригъӕд нӕ ферох ис.
Дӕ адӕмӕй дӕ маст ма ис, хӕрамзӕрдӕйӕ макӕмӕ кӕс. Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ. Ӕз дӕн Дунедарӕг.
Дунедарӕг у ӕнувыддзинад домӕг ӕмӕ мастисӕг Хуыцау, Йӕ маст Ын бауромӕн нӕй. Дунедарӕг Йӕ маст райсы Йе знӕгтӕй, йӕ фыдгултӕн нӕ ныббары.
Чи фӕлӕудзӕн Йӕ масты ныхмӕ? Йӕ масты пиллӕттӕн чи бафӕраздзӕн? Пиллон артау ныккалы Йӕ маст, ӕмӕ Йӕ разы къӕдзӕхтӕ ныппырх вӕййынц!
Ацы цӕстылуайӕн баст у фидӕнимӕ, фӕстаг заманимӕ, ӕнӕ ’рцӕугӕ йын нӕй. Уайтагъд куы не ’рцӕуа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн бӕлвырд».
Уӕ маст макӕмӕй исут, мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, фӕлӕ йӕ бакӕнут Хуыцауы фыдӕхы ӕвджид. Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Сыгъдӕг Фысты зӕгъы: «Мӕ бар уадзут маст исын, Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн».
Уымӕн ӕмӕ хицау Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ дӕ фарнӕн кусы. Кӕд ӕвзӕр митӕ кӕныс, уӕд дзы тӕрс — цирхъ дзӕгъӕлы нӕ дары, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы кусӕг у ӕмӕ ӕфхӕры, ӕвзӕр митӕ чи кӕны, уыдоны.
Муртаттӕгтӕ, цин кӕнут Йӕ адӕмимӕ, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕ цагъарты туг райсдзӕни, Йе знӕгтӕн аккаг фӕуыдзӕни ӕмӕ Йӕ адӕмы бӕстӕ ссыгъдӕг кӕндзӕни».
Мах зонӕм, афтӕ Чи загъта: «Мӕ бар уадзут маст исын, Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн». Ӕмӕ ноджыдӕр: «Бардарӕг тӕрхон кӕндзӕн Йӕ адӕмӕн».
ӕмӕ: «Кӕуыл фӕкӕлдзысты, уыцы Дур, цӕлхдур сын Чи суыдзӕн, уыцы Къӕдзӕх». Ӕмӕ ӕцӕгӕйдӕр фӕкӕлынц, уымӕн ӕмӕ не ’ууӕндынц Сыгъдӕг Фыстыл. Афтӕ сын нывгонд у.
Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы.
Йӕ ныхасыл-ма бафтыдта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй — Йӕхӕдӕг ӕрцӕвдзӕн Дунедарӕг Саулы: искӕд бон йӕхи мӕлӕтӕй амӕлдзӕн, науӕд та хӕстмӕ ацӕудзӕн ӕмӕ уым фӕмард уыдзӕни. Мӕн та Дунедарӕг Йӕ байсӕрстмӕ мӕ къух сисынӕй бахизӕд!