34 Исты Мӕм уыдӕттӕ ӕвӕрд не сты, бӕрӕг ран сӕ нӕ бафснайдтон?
мӕ тӕригъӕдтӕ мын мыхуырӕвӕрд скӕнис, мӕ аххӕстӕ мын бамбӕхсис.
Дӕхи фӕныкдоны куы цӕхсай, уӕд дӕр Мӕ разы не ссыгъдӕг уыдзынӕ! Дӕ тӕригъӕды къӕм — Мӕ разы! — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Ӕлхӕды ӕвдисӕндар ныффыстон ӕмӕ йыл мыхуыр сӕвӕрдтон. Ӕвдисӕнтӕм фӕдзырдтон ӕмӕ ӕвзист барӕныл сбарстон.
«Сымах ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕ, уӕ паддзӕхтӕ, уӕ фӕтӕгтӕ ӕмӕ бӕстӕйы адӕм Йерусалим ӕмӕ Иудейы сахарты будсудзӕн кӕй кодтой, Дунедарӕг уӕ, мыййаг, уый тыххӕй нӕ бафхӕрдта? Уыдӕттӕм кӕсгӕйӕ, нӕ рафыхти Йӕ маст?
Рох нӕу Ефремы фыдракӕнд, йӕ тӕригъӕд нӕ ферох ис.
Фӕлӕ ӕнӕсӕттон кӕй дӕ ӕмӕ дӕ ӕрфӕсмон кӕнын кӕй нӕ фӕнды, уымӕй дӕхӕдӕг ноджы карздӕр кӕныс де ’фхӕрд Хуыцауы азары бон, Хуыцау Йӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон куы раргом кӕна, уӕд.
Уӕдӕ афонӕй раздӕр тӕрхон ма кӕнут, цалынмӕ Бардарӕг ӕрцӕуа, уӕдмӕ — Уый хурмӕ рахӕсдзӕни талынджы ӕмбӕхст хъуыддӕгтӕ, раргом кӕндзӕни зӕрдӕйы фӕндтӕ, ӕмӕ уӕд Хуыцауӕй алчидӕр райсдзӕн йӕ хӕрзиуӕг.
Дунедарӕгӕн Йӕ маст ссыгъди, ӕмӕ сӕ ӕндӕр бӕстӕм фӕсырдта сӕ зӕххӕй, ныронг дӕр уым сты“.
Калмы, сау калмы марг — сӕ сӕн.