33 Калмы, сау калмы марг — сӕ сӕн.
О Дунедарӕг, ме ’взагӕн мын уромӕг сӕвӕр, мӕ дзыхы дуар мын бахъахъхъӕн.
Амарынвӕнд мӕ скодтой, бабадтысты мӕ размӕ. О Дунедарӕг, нӕдӕр фыдракӕнд сарӕзтон, нӕдӕр — тӕригъӕд, афтӕмӕй мыл ӕртыхстысты тыхгӕнджытӕ!
Аххосджын нӕ дӕн, афтӕмӕй хӕстифтонгӕй ӕмбырдтӕ кӕнынц. Фӕзын мӕм ӕххуысмӕ, ӕркӕс мӕ уавӕрмӕ!
«Цӕмӕн кӕнӕм фӕстиат? Ӕрӕмбырд ут, бырутӕй ӕхгӕд сахартӕм фӕлидзӕм ӕмӕ уым ӕнцой ссарӕм нӕхицӕн! Фесафын нӕ сфӕнд кодта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, маргджын дон нын дары, уымӕн ӕмӕ Йӕ разы тӕригъӕдтӕ фӕкодтам.
Сӕ дзых — гом ингӕн, се ’взаг — мӕнгард, сӕ былтыл — калмы марг.
„Уымӕн ӕмӕ сӕ сӕнӕфсир Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сӕнӕфсиры тала у, йӕ гагатӕ — марг, йӕ цупӕлттӕ — маст.
Исты Мӕм уыдӕттӕ ӕвӕрд не сты, бӕрӕг ран сӕ нӕ бафснайдтон?