Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

32 „Уымӕн ӕмӕ сӕ сӕнӕфсир Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сӕнӕфсиры тала у, йӕ гагатӕ — марг, йӕ цупӕлттӕ — маст.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:32
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

мӕ тӕригъӕдтӕ мын мыхуырӕвӕрд скӕнис, мӕ аххӕстӕ мын бамбӕхсис.


Ӕрбайхъусут Дунедарӕгмӕ, Содомы ӕлдӕрттӕ! Уӕ хъус ӕрдарут нӕ Хуыцауы Ӕгъдаумӕ, Гоморрӕйы адӕм!


Цы кӕнгӕ йын уыд, ӕмӕ йын Ӕз цы нӕ бакодтон? Ӕз хорз цупӕлттӕм ӕнхъӕлмӕ куы кастӕн, уӕд Мӕ сӕнӕфсирыл хъӕддаг гагатӕ цӕмӕн ӕрзад?


Хуыздӕр сӕнӕфсирау, ӕвзӕрст нӕмыгау дӕ ныссагътон, ды та Мын фестадтӕ ӕцӕгӕлон, сӕнӕфсиры хъӕддаг тала!


Ӕз уынын: Йерусалимы пехуымпартӕ дӕр ӕлгъаг митӕ кӕнынц: хӕтынц, сӕ хъуыддӕгты рӕстдзинад нӕй. Фыдгӕнджытӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй дзы иу дӕр йӕ фыдракӕндтӕ ма ныууадза. Мӕ разы иууылдӕр Содомы хуызӕн систы, Йерусалимы цӕрджытӕ — Гоморрӕ».


О мӕ адӕм! Содом дӕр ахӕм карз ӕфхӕрд нӕ баййӕфта, — уый бабын иу уысммӕ, лӕджы къух ыл нӕ бандзӕвыд.


Уӕдӕ уын зӕгъын: Тӕрхоны Бон Содомы зӕххӕн дӕуӕй ӕнцондӕр уыдзӕни».


Ма разынӕд уе ’хсӕн ахӕм нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг, ахӕм мыггаг кӕнӕ хӕдзарвӕндаг, Дунедарӕгыл, нӕ Хуыцауыл, йӕхи чи атигъ кӕна ӕмӕ уыцы адӕмты хуыцӕуттӕн чи лӕггад кӕна! Ма разынӕд уе ’хсӕн маргджын зайӕгой кӕнӕ скъӕлдзойы уидаг!


Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ Хуыцауы хорзӕхӕй ӕнӕхай мачи фӕуа, цӕмӕй исты маст уидаг ма сырӕза ӕмӕ ма фӕхъӕстӕ кӕна бирӕты,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ