26 Бӕргӕ сӕ ныццӕгъдин Ӕз, адӕмы ’хсӕн сӕ кой дӕр нал уаид,
Хынджылӕг мӕ кодтой ӕнаккӕгтау, сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс мӕм цыди.
Дунедарӕг, кӕдмӕ сӕм афтӕ кӕсдзынӕ? Сӕ фыдвӕндтӕй мӕ фервӕзын кӕн, мӕ иунӕджы уд мын домбӕйтты дзыхӕй байс!
Цӕмӕн Дӕ хъуамӕ зӕгъой мысырӕгтӕ, уыцы адӕмы сӕ фыдбылызӕн акодта Мысырӕй — хӕхты сӕ бабын кодта, зӕххы цъарӕй сӕ фесӕфта, зӕгъгӕ? Бауром Дӕ судзгӕ маст ӕмӕ Дӕ адӕмы бахиз фыдбылызӕй.
Мӕхи сӕраппонд, ӕрмӕстдӕр Мӕхи сӕраппонд ирвӕзын кӕнын сымах — Мӕ ном фегад кӕнын нӕ бауадздзынӕн. Мӕ кад никӕмӕн ратдзынӕн.
Фӕлӕ Ды куы дӕ нӕ Фыд! Авраам нӕ зоны мах, Йаков дӕр — афтӕ. О Дунедарӕг, Ды дӕ нӕ Фыд! Дӕ ном мыггагмӕ дӕр у «нӕ Ирвӕзынгӕнӕг».
Сымах та адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ кардимӕ сурдзынӕн. Сафтид уыдзӕн уӕ зӕхх, уӕ сахартӕ хӕлддзӕгты кӕритӕ фестдзысты.
Ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн бабын уыдзыстут, уӕ фыдгулты зӕхх уӕ аныхъуырдзӕн.
Кардылӕфтыд фӕуыдзысты ӕмӕ фӕцагъды уыдзысты, алы бӕстӕтӕм сӕ уацары фӕкӕндзысты. Муртаттӕгтӕ Йерусалимы сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ.
Дунедарӕг уӕ лидзӕг фӕкӕндзӕни уе знӕгты разӕй: иу фӕндагыл сӕ ныхмӕ ралӕудзыстут, авд фӕндагыл та сӕ разӕй лидздзыстут. Уӕ хъысмӕтӕй ӕппӕт дунейы адӕмтӕ дӕр ныккӕрздзысты.
Дунедарӕг уӕ цы адӕмтӕм фӕкӕна, уыдон-иу уӕ хъысмӕтӕй ныккӕрздзысты, ӕмбисондӕн уӕ хӕсдзысты ӕмӕ уыл худдзысты.
Зӕххы цъары иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ уӕ ныххӕлиу кӕндзӕн Дунедарӕг дунейы ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕмӕ, уӕхӕдӕг дӕр кӕмӕн ницы зонут ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр ӕнӕзонгӕ чи уыдысты, уыцы хуыцӕуттӕн — дуртӕ ӕмӕ бӕлӕстӕн — лӕггад кӕндзыстут.
Ныххӕлиу уӕ кӕндзӕн Дунедарӕг адӕмты ’хсӕн. Армыдзаг ма уыдзыстут, Дунедарӕг уӕ кӕдӕм фӕкӕна, уыцы адӕмты ’хсӕн.
Бауадз Мӕ, ӕмӕ сӕ ныццӕгъдон, арвы бын сын сӕ кой фесафон. Дӕуӕй та, уыдонӕй фылдӕр ӕмӕ тыхджындӕр чи уа, ахӕм адӕмы мыггаг рантысын кӕндзынӕн“.