Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Стонгӕй мӕлдзысты, тӕвднизӕй сӕйдзысты, рын сыл сыстдзӕни. Сырды ссыртыл ӕфтыд фӕуыдзысты, калмы маргӕй цагъды кӕндзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:24
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕд Дунедарӕг Хуыцау калмӕн загъта: «Афтӕ кӕй бакодтай, уый тыххӕй ӕппӕт цӕрӕгойты ’хсӕн ӕмӕ, зӕххыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, уыдоны ’хсӕн ӕлгъыст дӕ. Дӕ гуыбыны цъарыл бырдзынӕ, цард-цӕрӕнбонты рыг хӕрдзынӕ.


Уый федта, йӕ улӕфӕн бынат куыд хорз у, бӕллиццаг кӕй у уыцы зӕхх, ӕмӕ йе уӕхск бадардта уаргъмӕ — цагъары куыстыл сразы ис.


Калмы марг цъиры, ӕмӕ калмы ’взагӕй йӕ мӕлӕт ссардзӕн.


Рӕхцгӕ ӕмӕ фынӕй нӕ кӕны Израилы хъахъхъӕнӕг.


О Дунедарӕг! Куыд ӕгӕрон сты Дӕ хъуыддӕгтӕ, куыд арф сты Дӕ хъуыдытӕ!


Иумӕ хиздзысты бирӕгъ ӕмӕ уӕрыкк. Домбай стурау хӕрдзӕни хъӕмп, калм та цӕрдзӕни зӕххы рыгӕй. Фыдракӕнд ӕмӕ зиан ничи кӕндзӕни Мӕ уаз хохыл». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг.


Быдырмӕ рацӕуон — кардӕй кӕй фӕмардтой, уыдон, сахармӕ бацӕуон — ӕххормӕгтӕ удхарӕй мӕлынц. Пехуымпарӕй, сауджынӕй сдзӕгъӕл сты, цы кусынц, уый нал ӕмбарынц.


Цыппар хуызы сӕ бафхӕрдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — карды цӕфӕй мӕлдзысты, куыйтӕ сӕ фӕйнӕрдӕм тондзысты, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕ сӕ ныхъуырдзысты ӕмӕ сафдзысты.


«Хъизӕмӕрттимӕ амӕлдзысты, цӕссыг дӕр сыл ничи ӕркалдзӕн ӕмӕ сӕ ныгӕнгӕ дӕр нӕ бакӕндзысты, фаджысау баззайдзысты уӕлӕуыл. Кард ӕмӕ стонгӕй бабын уыдзысты, сӕ мӕрдтӕ уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕн холы суыдзысты».


«Ӕз уӕм ӕрвитын маргджын кӕлмыты, кӕлӕнтӕ сыл нӕ тых кӕнынц, хӕцдзысты уыл», — зӕгъы Дунедарӕг.


Цыма нӕ ’фсӕйнаг пецы басыгъдӕуыд, уыйау ӕххормагӕй нӕ царм ныссау ис!


Кӕнӕ уыцы зӕхмӕ тугдзых сырдтӕ куы барвитин, цӕмӕй йын уыдон йӕ сывӕллӕтты бабын кӕной, куы сафтид уаид ӕмӕ дзы сырдты тӕссӕй цъиуызмӕлӕг куынӕуал уаид,


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мӕ цыппар ӕфхӕрды — кард, стонг, тугдзых сырдтӕ ӕмӕ емынӕ — куы ныххуырсон Йерусалимыл, йӕ адӕм ӕмӕ йын йӕ фосы куы ныццӕгъдон,


ӕмӕ уыл стонджы азар бафтаудзынӕн. Тугдзых сырдты уыл сардаудзынӕн, ӕмӕ уын уыдон уӕ сывӕллӕтты ныццӕгъддзысты. Емынӕ ӕмӕ мӕлӕты хай бауыдзыстут ӕмӕ уӕм кардӕй ӕвзиддзынӕн. Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг.


Хъӕддаг сырдты уыл бафтаудзынӕн, ӕмӕ уӕ ӕнӕ цотӕй ныууадздзысты, уӕ фос уын ныццӕгъддзысты. Афтӕ уӕ скуынӕг кӕндзысты, ӕмӕ уӕ фӕндӕгтыл цӕуӕг нал уыдзӕн.


Кармелы хохы цъуппыл куы бамбӕхсой, уӕд сӕ уым дӕр ссардзынӕн ӕмӕ сӕ ’рцахсдзынӕн; денджызы бын Мӕ куы бамбӕхсой, уӕд сыл денджызы калмы сардаудзынӕн, цӕмӕй сыл фӕхӕца.


Калмау сдӕрдзысты рыг, уаллӕттау ралӕсдзысты сӕ фидӕрттӕй, фӕтӕрсдзысты Дӕуӕй, нӕ Дунедарӕг Хуыцауӕй.


Йӕ разӕй рын цӕуы, Йӕ фӕдыл — емынӕ;


Дунедарӕг уыл бафтаудзӕни тарниз, тӕфсӕг ӕмӕ тӕвдниз, ӕнтӕф ӕмӕ хусрӕстӕг, уыраугӕ дымгӕ уыл рауадздзӕн, хъуына уыл схӕцын кӕндзӕн, ӕмӕ бабын уыдзыстут.


уый тыххӕй, дойны ӕмӕ сыдӕй мӕлгӕйӕ, бӕгънӕг ӕмӕ гӕвзыккӕй, Дунедарӕг уӕ кӕй ахӕсты фӕкӕна, уыцы знӕгтӕн лӕггад кӕндзыстут. Цалынмӕ бынсӕфт фӕуат, уӕдмӕ уӕ уыдон ӕфсӕн ӕфсондзы бын дардзысты.


Знаг уӕ цъысыммӕ куы батӕра, уӕд уӕ хъӕбултӕн, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн кӕй радта, уыцы фырттӕ ӕмӕ чызджытӕн сӕ фыд хӕрынмӕ ӕрцӕудзыстут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ