16 Кӕйдӕрты фӕзмгӕйӕ, цы гуымирытӕ сарӕзтой, уыдонӕй Йын Йӕ маст ссыгътой, се ’лгъӕгтӕм сын смӕсты ис.
Иудейӕгтӕ, Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон цы у, уыдӕттӕ кодтой, ӕмӕ Йӕ сӕ тӕригъӕдтӕй сӕ фыдӕлтӕй тынгдӕр мӕсты кодтой.
Ды та, дӕ размӕ чи уыд, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр разындтӕ ӕвзӕрдӕр. Иуварс Мӕ фехстай дӕ зӕрдӕйӕ, дӕхицӕн скодтай ӕндӕр хуыцӕуттӕ, джиппыуагъд гуымирытӕ ӕмӕ Мӕ смӕсты кодтай.
Буд сыгътой ӕппӕт кувӕн къуыбыртыл, Дунедарӕг сын сӕ цурӕй кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмты фӕзмгӕйӕ. Дунедарӕгӕн масты хос чи уыд, ахӕм ӕнаккаг митӕ кодтой.
Арты нывондӕн хастой сӕ фыртты ӕмӕ сӕ чызджыты, дӕсны фарстой ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодтой. Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттыл бафтыдысты, ӕмӕ Йӕ мӕсты кодтой.
Арты нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты, дӕсны фарста ӕмӕ кӕлӕнтӕ кодта, суанг ма мӕрдтӕмсидджытӕ ӕмӕ дӕсныфӕрсджыты дӕр баххуырста. Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон чи уыд, ахӕм хъуыддӕгтӕ бирӕ сарӕзта, ӕмӕ Йӕ мӕсты кодта.
Йерусалимы бакомкоммӕ, Елеоны хохӕн йӕ хуссарварс, сидойнаг мӕнгхуыцау Астартӕйӕн, моаваг мӕнгхуыцау Кемошӕн ӕмӕ аммонаг мӕнгхуыцау Милкомӕн Израилы паддзах Соломон йӕ заманы цы кувӕн къуыбыртӕ сарӕзта, уыдон дӕр фӕчъизи кодта.
Уый ӕрсабыр кодта уад, ӕмӕ уылӕнтӕ банцадысты.
Ӕз рагагъоммӕ загътон, кӕй уӕ фервӕзын кӕндзынӕн, уый тыххӕй ӕмӕ уын ӕй фехъусын кодтон. Гъеныр Мын стут ӕвдисӕнтӕ, уымӕн ӕмӕ базыдтат, Ӕз Хуыцау кӕй дӕн, уый.
Искӕцы адӕм ма сӕ хуыцӕуттӕй аздӕхтысты, кӕд ӕмӕ уыдон хуыцӕуттӕ не сты, уӕддӕр? Мӕ адӕм та сӕ кадджын Хуыцауы ӕнӕпайда гуымирытыл баивтой.
Дӕхи бахъахъхъӕн — бӕгъӕввадӕй куы аззайай, мыййаг, куы бахус уа дӕ ком! Фӕлӕ ды загътай: «Уыдон сты ӕнӕпайда ныхӕстӕ! Ӕз ӕцӕгӕлӕтты уарзын ӕмӕ сӕм цӕудзынӕн».
Сывӕллӕтӕ сугтӕ ӕмбырд кӕнынц, сӕ фыдӕлтӕ арт ссудзынц, сылгоймӕгтӕ та хыссӕ скӕнынц, цӕмӕй уӕларвы ус-хуыцауӕн гуылтӕ фыцой. Цӕмӕй Мӕн смӕсты кӕной, уый тыххӕй ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕн ӕмӕ сойы хуынтӕ ӕрбахӕссынц.
Дард бӕстӕй Мӕ адӕмы ӕрдиаг хъуысы: „Ау, Сионы Дунедарӕг нӕй? Ау, Паддзах дзы нал ис?“» «Цӕмӕн Мӕ мӕсты кодтой сӕ гуымирытӕй, ӕндӕрбӕстаг мӕнг хуыцӕуттӕй?»
Ӕрбадардта мӕм къухы хуызӕн цыдӕр, мӕ сӕрыхъуынтӕй мӕ фелвӕста. Уд мӕ арв ӕмӕ зӕххы астӕумӕ систа ӕмӕ мӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд цӕстылуайӕны ӕрхаста Йерусалиммӕ, йе ’ргом цӕгатӕрдӕм арӕзт кӕмӕн уыд, уыцы мидӕггаг кулдуары цурмӕ. Уым лӕууыди, Дунедарӕгӕн Йӕ маст кӕмӕ сыгъди, уыцы гуымиры.
уымӕн ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ кодтой, ацы зӕххыл уӕ размӕ чи царди, уыцы адӕм, ӕмӕ зӕхх фӕчъизи ис.
Ӕви нӕм Бардарӕг смӕсты уа, уый нӕ фӕнды? Ӕмӕ, ау, мах Уымӕй тыхджындӕр стӕм?
Сӕхицӕн гуымирытӕ сарӕзтой, смӕсты Мӕ кодтой, ӕмӕ Ӕз та афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ адӕм схонӕн дӕр кӕмӕн нӕй, уыдонмӕ хӕлӕг кӕндзысты. Уадз ӕмӕ уыцы ӕнӕфенд адӕммӕ мӕстӕй судзой.
Ма сын кувут ӕмӕ сын ма лӕггад кӕнут, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау; йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыдоны тӕригъӕдтӕ фидын кӕнын сӕ байзӕддӕгтӕн, ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг.
Арты хай сын бакӕнут сӕ гуымирыты, фӕлӕ сыл цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ис, уыдонмӕ ма бабӕллут ӕмӕ сӕ уӕхицӕн ма райсут: цъысымы бахаудзыстут, уымӕн ӕмӕ уый ӕлгъаг у Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз.