Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст15 Афтӕмӕй Йешуруныл хуыз фӕхӕцыд, ӕмӕ зӕвӕтдзӕгъдӕн систа. Снард сты, сӕ цармы нал цыдысты ӕмӕ коммӕ нал кастысты. Сӕхи атигъ кодтой се Скӕнӕг Хуыцауыл, ныууагътой сӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхы. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Ӕмӕ уыдон бацахстой фидаргонд сахартӕ ӕмӕ сойджын зӕххытӕ, сӕхи бакодтой алыхуызон мулкӕй йемыдзаг хӕдзӕрттӕ ӕмӕ айнӕджы риуы къахт донмарӕнтӕ, сӕхи бакодтой сӕндӕттӕ, оливӕ бӕлӕсты къохтӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц дыргъдӕттӕ. Хордтой, сӕхи ӕфсӕстой, хуыз сӕ бацыди, ӕмӕ цардӕй къӕртт ӕппӕрстой Де стыр хорзӕхы фӕрцы.