Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст14 ӕхсырысӕртӕ, сӕгъы ӕхсыр сын дардта, башайнаг нард стуртӕ ӕмӕ фысвосы фыдӕй, ӕвзаргӕ мӕнӕуӕй сӕ хаста, сӕнӕфсиры тугӕй сын сӕ дойны уагъта. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Ӕмӕ уыдон бацахстой фидаргонд сахартӕ ӕмӕ сойджын зӕххытӕ, сӕхи бакодтой алыхуызон мулкӕй йемыдзаг хӕдзӕрттӕ ӕмӕ айнӕджы риуы къахт донмарӕнтӕ, сӕхи бакодтой сӕндӕттӕ, оливӕ бӕлӕсты къохтӕ ӕмӕ ӕнӕнымӕц дыргъдӕттӕ. Хордтой, сӕхи ӕфсӕстой, хуыз сӕ бацыди, ӕмӕ цардӕй къӕртт ӕппӕрстой Де стыр хорзӕхы фӕрцы.