Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Систа сӕ Уый зӕххы бӕрзӕндтӕм ӕмӕ сӕ быдыры тыллӕгӕй хаста, айнӕгӕй сын мыд лӕмӕрста, къӕдзӕхӕй — оливӕйы сой,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:13
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

саджы цӕрдӕгдзинад ратты мӕ къӕхтӕн, бӕрзӕндтыл мӕ ӕрлӕууын кӕны фидарӕй.


Ӕхсыры цадтӕ уый нӕ фендзӕн, йӕ цард мыдыкъусау нӕ уыдзӕн.


Уӕд мӕ фӕндаг сойвӕдыл цыди, айнӕгӕй та оливӕйы сой лӕдӕрсти.


Дунедарӕг сӕ кӕны сыгъд быдыртыл, фӕлӕ дойныйӕ нӕ мӕлынц — дуры гуыбынӕй дӕр рауадзы дон, акъӕртт сын кӕны айнӕг къӕдзӕх, ӕмӕ дзы дон фемӕхсы!


Ӕмӕ уӕд Мӕхӕдӕг суыдзынӕн уӕ цины суадон. Сисдзынӕн уӕ алы бӕрзӕндтӕм ӕмӕ уын саккаг кӕндзынӕн, кӕддӕр уӕ фыдӕл Йаковӕн цы исбон балӕвар кодтон, уый». Афтӕ загъта Дунедарӕг.


Дӕхи-иу сфӕлыстай сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй; лыстӕг гӕнӕй, зӕлдаг ӕмӕ нывӕфтыд хъуымӕцтӕй уыди дӕ дарӕс. Хордтай ӕвзаргӕ ссадӕй конд дзул, мыд ӕмӕ оливӕйы сой. Уыдтӕ ӕвӕджиауы рӕсугъд, ӕмӕ дын бантысти суанг паддзах суын дӕр.


Ӕз дӕр Мӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцӕвдзынӕн, ӕмӕ уӕд ссӕудзӕни Мӕ маст. Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг!»


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: фыдгул сымахӕй афтӕ кӕй зӕгъы: „Ӕгъа! Израилӕн мыггагмӕ цы бӕрзӕндтӕ рардӕуыд, уыдон мах исбон баисты“, зӕгъгӕ,


Уыгӕрдӕн сӕ къухы куы бафтыд ӕмӕ куы бафсӕстысты, уӕд схъал сты. Рох дӕр Мӕ уымӕн фӕкодтой.


Алцыдӕр уӕм парахатӕй куы уыди, уӕд цингӕнгӕйӕ ӕмӕ райгӕйӕ уӕ Хуыцауӕн кӕй нӕ лӕггад кодтат,


Йешуруны Хуыцауӕн ӕмбал нӕй. Йе стырады дӕм уӕлӕрвты Уый ӕврӕгътыл тындзы ӕххуысмӕ.


Тӕхудиаг дӕ ды, Израил! Кӕм ис сымахӕн ӕмбал, Дунедарӕг йӕ хъахъхъӕнӕг, йӕ уарт ӕмӕ йӕ кады кард кӕмӕн у, уыцы адӕм? Сымахӕн уе знӕгтӕ ӕрныллӕг уыдзысты уӕ разы, сымах та сын сӕ фӕсонтыл къахӕй лӕудзыстут».


Уый уӕ ракодта, цӕст кӕуыл не ’ххӕссы, ахӕм тасӕфтауӕг ӕдзӕрӕг быдырыл, хус ӕмӕ ӕнӕдон зӕххыл, маргджын кӕлмытӕ ӕмӕ уырынгонты ӕхсӕнты, айнӕг къӕдзӕхы риуӕй уын дон рауагъта.


мӕнӕу ӕмӕ хъӕбӕрхоры, сӕнӕфсир, легъуи ӕмӕ гранатты, оливӕ бӕлӕстӕ ӕмӕ мыды чыргъӕдты бӕстӕм;


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ