Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Афтӕ Дунедарӕг дӕр уыдоны иунӕгӕй размӕ кодта, кӕйдӕр хуыцау нӕ уыди семӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:12
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ды мигъы цӕджындзы хуызы сӕ сӕрмӕ цыдтӕ боныгон, ӕхсӕвыгон та сын судзгӕ арты цӕджындзы хуызы рухс кодтай сӕ развӕд.


Ӕрмӕстдӕр уыдонӕн лӕвӕрд ӕрцыди зӕхх, ӕмӕ ӕндӕр искӕмӕн се ’хсӕн бынат нӕй.


Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ха-гиттит»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом.


Уӕ зӕронды бонтӕм дӕр Ӕз уыцы Хуыцау уыдзынӕн, уӕ сӕрыхил куы сурс уа, уӕд дӕр уыл Ӕз ауддзынӕн. Ӕз уӕ сфӕлдыстон, ӕмӕ уыл Ӕз Мӕ арм дардзынӕн, ауддзынӕн уыл ӕмӕ уӕ хиздзынӕн фыдбылызӕй.


Фыййау йӕ фосы дзуг дӕлвӕзы ’рдӕм ривӕд кӕнынмӕ куыд рауадзы, уыйау Дунедарӕджы Уд дӕр Йӕ адӕмы ракодта тӕссаг ранӕй ӕмӕ сын радта ӕдасдзинад ӕмӕ ӕнцой». Афтӕ ракодтай Ды Дӕ адӕмы ӕмӕ уымӕй скадджын кодтай Дӕ ном!


Зӕрдӕхӕларӕй, уарзгӕйӕ сӕ размӕ кодтон. Сӕ бӕрзӕйӕ сын се ’фсондз систон, ӕргуыбыр сӕм кодтон, цӕмӕй сӕ бафсадон, уый тыххӕй.


Ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры, уӕхӕдӕг ӕй уыдтат, адӕймаг йӕ хъӕбулы куыд хӕсса, афтӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фӕхаста сымах, цалынмӕ ардӕм не ’рбахӕццӕ стут, уӕдмӕ.


Кӕсут уӕдӕ: уый Ӕз дӕн! Ӕз — Иунӕг Хуыцау! Ӕз маргӕ дӕр ӕмӕ ӕгас дӕр, цӕвгӕ дӕр ӕмӕ дзӕбӕх дӕр Мӕхӕдӕг кӕнын, ӕмӕ Мӕ къухӕй ничи никӕй фервӕзын кӕндзӕн!


Сымахӕн ӕппӕт уыдӕттӕ равдыстӕуыд, цӕмӕй зонат, Дунедарӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ Уый йеддӕмӕ Хуыцау кӕй нӕй.


Зонут уӕдӕ ӕмӕ уӕ зӕрдыл бадарут: Дунедарӕг у Хуыцау уӕлейӕ, арвыл, ӕмӕ бынӕй, зӕххыл, ӕмӕ Уый йеддӕмӕ Хуыцау нӕй.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг мах Хуыцау у, Уый ракодта мах дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлты дӕр Мысыры зӕххӕй, цагъайраджы ӕфсондзы бынӕй, ӕмӕ нын равдыста стыр диссӕгтӕ. Фӕндагыл нӕ хъахъхъӕдта райдайӕнӕй кӕронмӕ. Хъахъхъӕдта нӕ, цы адӕмты зӕххыл-иу цыдыстӕм, уыдоны фыдӕхӕй дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ