Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ӕдзӕрӕг ран ӕй ссардта ӕмӕ йыл хъӕддаг ӕрнӕджы Йӕ арм дардта, цӕсты гагуыйау ӕй хъахъхъӕдта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 32:10
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аман йӕ бинойнаг Зереш ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕн куы радзырдта йӕ хабӕрттӕ, уӕд ын уынаффӕ чи бакодта, уыдон дӕр ӕмӕ йӕ ус Зереш дӕр загътой: «Кӕд ӕмӕ, дӕлдӕр кӕнын цы Мардохейы аххосӕй райдыдтай, уый иудейаг у, уӕд ын дӕ бон ницы бауыдзӕн, тынг ныллӕг ӕрхаудзынӕ йӕ разы».


Ныррызт ӕмӕ нынкъуысти зӕхх, хӕхтӕ фенкъуыстысты сӕ бындурӕй, ризӕг сыл бахӕцыд Йӕ азарӕй.


Мӕ фӕдзӕхстытӕ мын ӕххӕст кӕн ӕмӕ цӕрдзынӕ, мӕ зондамынд мын цӕстыгагуыйау хъахъхъӕн.


— Чи у уый, ӕдзӕрӕг быдырӕй чи ссӕуы, йӕ къух йӕ уарзоны дӕлармы бакодта, афтӕмӕй? — Фӕткъуы бӕласы бын дӕ райхъал кодтон — уым равзӕрди дӕ гуырдз, уым рантыстӕ дӕ ныййарӕг мадӕн.


Нӕ хъынцъымы нӕ никуы ныууагъта, Йӕ зӕды-иу нӕм рарвыста ӕххуысмӕ. О, фыдау ныл ауды незамантӕй нырмӕ. Уарзы нӕ ӕмӕ нӕ ирвӕзын кӕны бӕллӕхӕй.


Ацы рон адӕймаджы буармӕ куыд хӕстӕг у, афтӕ Ӕз Израил ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгты ӕрбаввахс кодтон Мӕхимӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — цӕмӕй суой Мӕ адӕм, Мӕ цыт ӕмӕ Мӕ кад, фӕлӕ Мӕм нӕ байхъуыстой.


Дӕхи аххосӕй не ’рцыд уый дӕуыл? Ды ныууагътай Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, афтӕмӕй дын Уый фӕндагамонӕг уыди!


Дунедарӕджы не ’рцагуырдтой ӕмӕ афтӕ нӕ загътой: «Уый нӕ ракодта Мысыры зӕххӕй; ӕдзӕрӕг быдыры, ӕнӕдон ӕмӕ саудалынг бӕстӕйы, лӕджы къах кӕм никуы ’рлӕууыд ӕмӕ цӕрӕг кӕм нӕ уыди, уым-иу нӕ размӕ кодта».


Ничи дын фӕтӕригъӕд кодта, цӕмӕй дын адӕттӕй исты сараза. Аппӕрстой дӕ тыгъд быдыры дӕ райгуырды бон, уымӕн ӕмӕ дыл ӕлгъ кодтой.


Уӕ фыдӕлтӕн Мысыры ӕдзӕрӕг быдыры куыд тӕрхон кодтон, афтӕ тӕрхон кӕндзынӕн сымахӕн дӕр, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —


Ӕз къахӕй цӕуын сахуыр кодтон Ефремы, Мӕ къухтыл ӕй хастон, уый та ӕмбаргӕ дӕр нӕ кодта, Ӕз ӕй кӕй дзӕбӕх кӕнын, уый.


Ӕз уыл аудыдтон ӕдзӕрӕг быдыры, хурсыгъд зӕххыл.


Уӕд Иудей ногӕй суыдзӕнис Дунедарӕджы исбон уаз зӕххыл, ногӕй сӕвзардзӕн Йерусалим.


Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: хӕлӕттаг уӕ чи фӕкодта, уыцы адӕмтӕм Мӕ Уый рарвыста Йӕ кадӕн, уымӕн ӕмӕ, сымахыл чи ӕндзӕвы, уый Йӕ цӕсты гагуыйыл андзӕвы:


Хуыцауӕн фӕндон цы у, уый зоныс; Ӕгъдау дӕ сахуыр кодта, хуыздӕр цы у, уый ӕмбарыныл;


Бӕгуыдӕр. Стыр пайда у алцыппӕтӕй дӕр. Сӕйрагдӕр уый у, ӕмӕ Хуыцау Йӕ ныхӕстӕ уыдоны ӕвджид бакодта.


Фенкъуыстыстӕм Хоревӕй ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдырыл ахызтыстӕм. Уӕхи цӕстытӕй федтат, куыд ӕгӕрон ӕмӕ тӕссаг уыди, уый. Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, куыд загъта, афтӕ, аморӕгтӕ кӕм цӕрынц, уыцы хӕхтӕм нӕ ных сарӕзтам ӕмӕ Кадеш-Барнеамӕ бахӕццӕ стӕм.


Ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры, уӕхӕдӕг ӕй уыдтат, адӕймаг йӕ хъӕбулы куыд хӕсса, афтӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фӕхаста сымах, цалынмӕ ардӕм не ’рбахӕццӕ стут, уӕдмӕ.


Уый уын уӕлӕрвтӕй фехъусын кодта Йӕ хъӕлӕс, цӕмӕй уӕ раст фӕндагыл араза. Уый уын зӕххыл фенын кодта Йе стыр арт, ӕмӕ Йын арты хуылфӕй фехъуыстат Йӕ ныхӕстӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ