1 «Ӕрыхъус, арв, ӕз дын цы зӕгъон, уымӕ; ӕрыхъус, зӕхх, мӕ ныхасмӕ:
Асафы псалом. Хуыцӕутты Хуыцау, Дунедарӕг, райдыдта Йӕ ныхас, дун-дунемӕ сиды скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ.
Ӕрӕхс мын мӕ азым, ссыгъдӕг мӕ кӕн мӕ тӕригъӕдӕй!
Ӕрыхъус, арв, ӕрбайхъус, зӕхх! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Схъомыл кодтон, схастон Ӕз фырттӕ, уыдон та сыстадысты Мӕ ныхмӕ!
Ӕввахс ӕрбалӕуут, алы адӕмтӕ, алы знӕмтӕ! Лӕмбынӕг ӕрбайхъусут! Ӕрбайхъусӕд ӕгас дуне, ӕппӕт зӕхх йӕ цӕрджытимӕ!
Тӕрсут, уӕлӕрвтӕ, фыр тӕссӕй нырризут! — зӕгъы Дунедарӕг. —
О зӕхх, байхъус Дунедарӕджы ныхасмӕ!
Байхъус, зӕхх! Ӕз ацы адӕмыл бӕллӕхтӕ ’руадздзынӕн. Сӕхи фӕндтӕ сӕ расайдзысты, уымӕн ӕмӕ Мын Мӕ ныхӕстӕм нӕ хъуыстой ӕмӕ Ме ’Гъдауыл сӕхи атигъ кодтой.
Абон мын арв ӕмӕ зӕхх ӕвдисӕнтӕ уӕнт уӕ разы, цард кӕнӕ мӕлӕт, арфӕ кӕнӕ уын ӕлгъыст хъардтон. Равзарут цард, ӕмӕ цӕрын бантысдзӕн сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр,
Уӕдӕ ныффыссут уӕхимӕ мӕнӕ ацы зарӕг. Сахуыр ӕй кӕнӕнт израилӕгтӕ ӕмӕ йӕ ӕдзухдӕр сӕ былалгъыл дарӕнт, цӕмӕй Мын уый ӕвдисӕн уа сӕ ныхмӕ.
Фӕдзурут мын уӕ мыггӕгты хистӕртӕ ӕмӕ уӕ фӕтӕгтӕм, ӕмӕ сын ӕй ӕз зӕгъон, арв ӕмӕ зӕхх сӕ ныхмӕ ӕвдисӕн ныллӕууын кӕнон.
Моисей ацы зарӕг азарыд райдианӕй кӕронмӕ, ӕппӕт Израилы дзыллӕ ӕрӕмбырд сты ӕмӕ йӕм хъуыстой.
уӕд, арв ӕмӕ зӕххыстӕн, тагъд рӕстӕджы ӕнӕхай фӕуыдзыстут, Иорданы фаллаг фарсмӕ уӕхи бакӕнынмӕ кӕй тыххӕй цӕут, уыцы бӕстӕй. Уым уын бирӕ фӕцӕрын нӕ бантысдзӕн: цагъды фӕуыдзыстут.