6 Фидар фӕлӕуут, ма фӕтасут! Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис. Уый уыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн ӕмӕ уӕ нӕ ныууадздзӕн».
Уым ӕм фыццаг ӕхсӕв ӕргом рацыди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн. Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн. Раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын, Мӕ цагъар Авраамы сӕр нымайгӕйӕ, дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн».
Рох дӕ ма уӕд, Ӕз демӕ дӕн. Кӕдӕмдӕриддӕр ацӕуай, уым дӕ бахъахъхъӕндзынӕн ӕмӕ дӕ ацы зӕхмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзынӕн. Нӕ дӕ ныууадздзынӕн: сӕххӕст кӕндзынӕн, зӕрдӕ дын цӕмӕй бавӕрдтон, уый».
Фидар лӕуу! Махӕн нӕ хӕс у нӕ адӕмы ӕмӕ нӕ Хуыцауы сахарты сӕраппонд схӕцын ӕмӕ, Дунедарӕг цы зӕгъа, уый уӕд».
«Алы зӕххонау ныр ӕз дӕр цӕуинаг дӕн мӕ фӕстаг балцы. Ӕмӕ дын фӕдзӕхсын, фидар лӕуу, дӕ лӕгдзинад макуы фесаф!
Кӕддӕр нын Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, нӕ фыдӕлтыл куыд аудыдта, афтӕ аудӕд махыл дӕр, йӕхи ныл ма атигъ кӕнӕд ӕмӕ нӕ дзӕгъӕлӕй ма ныууадзӕд.
Дунедарӕг Моисеймӕ Израилӕн цы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ радта, уыдон куы ӕххӕст кӕнай, уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын. У фидар ӕмӕ ӕхсарджын ӕмӕ мацӕмӕй тӕрс, дӕ ныфс макуы асӕттӕд.
Хъусыс, Дунедарӕг дӕу равзӕрста Кувӕндон аразынӕн. Фидар лӕуу ӕмӕ бавнал!»
Давид ма ноджыдӕр загъта йӕ фырт Соломонӕн: «Фидар лӕуу ӕмӕ у ӕхсарджын! Араз Кувӕндон! Мацӕмӕй тӕрс, ма асӕттӕд дӕ ныфс, уымӕн ӕмӕ дыл ауды Дунедарӕг Хуыцау, мӕ Хуыцау. Уый дыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн, ӕххуыс дын кӕндзӕни, цалынмӕ Дунедарӕджы хӕдзар арӕзт фӕуа, суанг уӕдмӕ.
«Фидар лӕуут ӕмӕ ӕхсарджын ут! Ма тӕрсут ассириаг паддзахӕй, йе стыр ӕфсадӕй! Уымӕн ӕмӕ, махӕн цы тых ӕххуыс кӕны, уый уыдоны хъомысӕй тыхджындӕр у.
Давиды псалом. Дӕумӕ дзыназын, Дунедарӕг, мӕ Къӕдзӕх! Ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз! Ды ӕдзӕмӕй куы баззайай, уӕд мыл мӕрдон хуыз бафтдзӕни.
Тӕрсгӕ ма кӕнут, Ӕз уемӕ дӕн! Уӕ зӕрдӕ мацӕмӕ ӕхсайӕд, уымӕн ӕмӕ Ӕз уӕ Хуыцау дӕн! Уӕ зӕрдӕйы уын бауадздзынӕн ныфс, баххуыс уын кӕндзынӕн ӕмӕ уӕ бахъахъхъӕндзынӕн Мӕ хъомысджын къухӕй.
«Ӕз, Ӕз Мӕхӕдӕг куы дӕн уӕ Ныфс, уӕд цӕмӕй тӕрсут адӕймагӕй, уый мӕлӕты фос куы у, тихалӕгӕй уӕлдай куы ницы у?
Макӕмӕй тӕрс, уымӕн ӕмӕ Ӕз демӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз дыл Мӕ арм дардзынӕн».
Ӕз семӕ сараздзынӕн ӕнусон фидыд ӕмӕ сӕ уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ никуыуал ныууадздзынӕн, Мӕ хорзӕхӕй сӕ ӕнӕхай никуыуал фӕкӕндзынӕн. Сӕ зӕрдӕты сын тас бавӕрдзынӕн, цӕмӕй Мӕ тӕрсой, се ’ргом Мӕ мауал аздахой.
Фӕлӕ фидар лӕуу, Зоровавел! — зӕгъы Дунедарӕг. — Фидар лӕуу, алчер Йешуа, Иоцадакы фырт! Бӕстӕйы адӕм, фидар лӕуут уе ’ппӕт дӕр ӕмӕ уӕ куыст кӕнут, уымӕн ӕмӕ Ӕз уемӕ дӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, —
Иудӕ ӕмӕ Израилы адӕм! Сымах ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕлгъыстаг уыдыстут, фӕлӕ уӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ суыдзыстут арфӕгонд. Ма тӕрсут! Уӕ ныфс ма фӕцудӕд!»
Сӕ бӕстӕ куыд у — хорз у ӕви ӕвзӕр? Сӕ сахартӕ быгъдӕг сты ӕви бырутӕй ӕхгӕд?
Ефремы мыггагӕй — Хошеа, Нуны фырт;
Ӕрмӕст Дунедарӕджы ныхмӕ ма змӕнтут! Уымы адӕмӕй та ма тӕрсут — басӕтдзыстӕм сӕ. Уыдонӕн армдарӕг нал ис, махӕн та Дунедарӕг немӕ ис. Ма сӕ тӕрсут!»
Ма тӕрс, чысыл дзуг! Уӕ Фыды бафӕндыд сымахӕн Паддзахад раттын.
Къӕрцхъус ут, фидар уырнындзинад уӕм уӕд, ӕхсарджын ӕмӕ хъӕддых ут.
Ӕппынфӕстаг, ме ’фсымӕртӕ, удвидар кӕнут Бардарӕгимӕ, Йӕ хъомыс ӕмӕ Йӕ хъаруйы фӕрцы.
Кӕсут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн дӕтты ацы бӕстӕ. Цӕут ӕмӕ йӕ уӕхи бакӕнут, Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау сымахӕн куыд загъта, афтӕ. Ма тӕрсут, ма фӕтасут!“
Ӕз уын загътон: „Ма сӕ тӕрсут, тасы уӕ ма ’фтауӕнт!
Уӕдӕ афтӕ: ӕз уын кӕй дзурын, Дунедарӕджы ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнут, цӕмӕй сфидар уат ӕмӕ, уӕхи йӕ бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уый уӕхи бауа;
Уе знӕгты ныхмӕ хӕстмӕ куы ацӕуат ӕмӕ уый бӕрц бӕхтӕ, тохуӕрдӕттӕ, уӕхицӕй бирӕ фылдӕр ӕфсад куы фенат, уӕд-иу ма фӕтӕрсут! Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Мысырӕй уӕ Чи ракодта, Уый уемӕ ис!
Дунедарӕг бафӕдзӕхста Йешуайӕн, Нуны фыртӕн: «Ды бакӕндзынӕ израилӕгты, Ӕз сӕ фыдӕлтӕн цы бӕстӕйы тыххӕй басомы кодтон, уырдӕм. Ма фӕцуд, фидар лӕуу — Ӕз уыдзынӕн демӕ».
Моисей фӕсидти Йешуамӕ ӕмӕ йын ӕппӕт Израилы раз загъта: «Фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас, уымӕн ӕмӕ ацы адӕмы ды акӕндзынӕ, Дунедарӕг сын сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уырдӕм. Ды сын ӕй байуардзынӕ.
Дунедарӕг Йӕхӕдӕг дӕ разӕй цӕудзӕн, демӕ уыдзӕн. Йӕхи дыл нӕ атигъ кӕндзӕн, нӕ дӕ ныууадздзӕн. Ма тӕрс, ма фӕтас!»
Уымӕн ӕмӕ бараг у Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Уый уӕ нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уӕ нӕ фесафдзӕн, нӕ ферох кӕндзӕн, уӕ фыдӕлтимӕ цы бадзырд сарӕзта ӕмӕ, ард бахӕргӕйӕ, кӕй сфидар кодта, уый.
фӕлӕ сӕ ма фӕтӕрсут. Уӕ зӕрдыл ӕрлӕууӕд, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фараонӕн ӕмӕ ӕгас Мысырӕн цытӕ бакодта, уый,
Уӕдӕ, мӕ хъӕбул, дӕхи фидар кӕн, Йесо Чырыстийы руаджы кӕмӕй схайджын стӕм, уыцы хорзӕхӕй.
Ӕхцауарз ма ут, фӕлӕ уӕм цы ис, уый фагыл нымайут. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн».
Фӕдзӕхсын дын: фидар лӕуу ӕмӕ ма фӕтас, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс — цыдӕриддӕр аразай, уым демӕ уыдзӕни Дунедарӕг, дӕ Хуыцау».
Йешуа сын ноджыдӕр загъта: «Ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрсут! Уӕ ныфс макуы асӕттӕд! Фидар лӕуут ӕмӕ ма фӕцудут! Уӕ фыдгултӕй кӕимӕфӕнды дӕр куы схӕцат — адонау сӕ бафхӕрдзӕни Дунедарӕг».
Нӕуӕндӕгтӕн ӕмӕ ӕцӕгадыл гадзрахатӕй рацӕуджытӕн, ӕнӕуагтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат ис судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт».
Дунедарӕг Йе стыр номы хатырӕй Йӕ адӕмы дзӕгъӕлӕй нӕ ныууадздзӕн, уымӕн ӕмӕ Йын фӕндон уыди сымахӕй Йӕхи адӕм саразын.