Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 31:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Аморӕгты паддзӕхтӕ Сигон ӕмӕ Огӕн, стӕй сӕ бӕстӕйӕн куыд бакодта, афтӕ фесафдзӕн Дунедарӕг уыцы адӕмты дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 31:4
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Нӕ къухмӕ йӕ радта Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, ӕмӕ йын йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ фыртты дӕр амардтам, йӕ адӕмы йын се ’ппӕты дӕр ныццагътам.


Йешуайӕн дӕр загътон уӕд: „Дӕхи цӕстӕй федтай, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы дыууӕ паддзахӕн цытӕ бакодта, уый. Ды цы паддзахӕдты сӕрты фӕцӕйцӕуай, уыдонӕн се ’пӕттӕн дӕр Дунедарӕг афтӕ бакӕндзӕн.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг уӕ разӕй ацӕудзӕн. Ныццӕгъддзӕн Уый уымы цӕрджыты, ӕмӕ сӕ зӕхх сымах бауыдзӕн. Йешуа ацӕудзӕн уӕ разӕй, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.


Уӕ къухмӕ уын ратдзӕн Дунедарӕг уыцы адӕмты, ӕмӕ сын, куыддӕриддӕр уын бафӕдзӕхстон, афтӕ бакӕндзыстут.


Ӕмӕ ныццӕгъддзыстут, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ къухмӕ кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы адӕмты. Ма сын фӕтӕригъӕд кӕнут ӕмӕ сын сӕ хуыцӕуттӕн ма лӕггад кӕнут — цъысымы бахаудзыстут.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уыдоны уӕ къухтӕм куы ратта ӕмӕ сӕ куы ныддӕрӕн кӕнат, уӕд-иу сӕ ӕлгъыстаг фӕкӕнут, семӕ-иу фидыд ма саразут, удӕгасӕй дзы макӕй ныууадзут.


Уӕ разӕй уын дыдынты ӕвзӕн арвыстон, ӕмӕ уӕ цирхъытӕ ӕмӕ фӕттӕ нӕ, фӕлӕ уыдон аиуварс кодтой уӕ фӕндагӕй дыууӕ амораг паддзахы ӕд ӕфсад.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ