Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 31:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг уӕ разӕй ацӕудзӕн. Ныццӕгъддзӕн Уый уымы цӕрджыты, ӕмӕ сӕ зӕхх сымах бауыдзӕн. Йешуа ацӕудзӕн уӕ разӕй, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 31:3
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый фӕстӕ Израил Йосефӕн загъта: «Ӕз ныр мӕлгӕ кӕнын, фӕлӕ Хуыцау ауддзӕни сымахыл ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ уӕ фыдӕлты зӕхмӕ раздахдзӕн.


Нӕ фыдӕлтӕ йӕ райстой ӕмӕ йӕ Нуны фырт Йешуаимӕ бахастой, нӕ фыдӕлты цурӕй Хуыцау кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмы бӕстӕм. Ӕмӕ уым фӕци Давиды заманы онг.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, цӕуы уӕ разӕй ӕмӕ хӕцдзӕн уӕ фарс, Мысыры, уӕ тӕккӕ цӕсты раз, куыд хӕцыд, афтӕ.


Йешуайӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй фидар лӕууа ӕмӕ ма фӕцуда; ацы адӕмы разӕй уый ацӕудзӕн ӕмӕ, ды дардӕй кӕй фендзынӕ, уыцы зӕхх сын уый байуардзӕн“.


Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Дӕуӕн бирӕ цӕрӕнбон нал ис. Фӕдзур Йешуамӕ, Фембӕлды Цатыры Мӕ разы ӕрлӕуут, ӕмӕ йӕ Ӕз бафӕдзӕхсон». Моисей ӕмӕ Йешуа бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ.


Дунедарӕг бафӕдзӕхста Йешуайӕн, Нуны фыртӕн: «Ды бакӕндзынӕ израилӕгты, Ӕз сӕ фыдӕлтӕн цы бӕстӕйы тыххӕй басомы кодтон, уырдӕм. Ма фӕцуд, фидар лӕуу — Ӕз уыдзынӕн демӕ».


Аморӕгты паддзӕхтӕ Сигон ӕмӕ Огӕн, стӕй сӕ бӕстӕйӕн куыд бакодта, афтӕ фесафдзӕн Дунедарӕг уыцы адӕмты дӕр.


Моисей Нуны фырт Йешуайыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ Йешуа уӕлзондӕй схайджын ис. Израилӕгтӕ йӕ коммӕ кастысты ӕмӕ, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ кодтой.


Куы уӕ бакӕна Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, йӕ байсынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уырдӕм ӕмӕ куы фӕсура уӕ цурӕй, нымӕцӕй дӕр сымахӕй фылдӕр, хъаруйӕ дӕр сымахӕй ӕххӕстдӕр авд адӕмыхатты: хеттӕгты, гиргашӕгты, аморӕгты, ханаанӕгты, перизӕгты, хиввӕгты, евусӕгты,


Уӕдӕ ныр зонут: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ разӕй зынгирвӕзтау цӕуы. Уый сӕ ныццӕгъддзӕн ӕмӕ сӕ басӕтдзӕн уӕ разы. Фӕсурдзыстут сӕ, Дунедарӕг уын куыд загъта, афтӕ сӕ рӕхджы скуынӕг кӕндзыстут.


Нуны фырт Йешуа сын ӕнцой куы радтаид, уӕд уый фӕстӕ ӕндӕр боны тыххӕй дзырд нал цыдаид.


«Мӕ цагъар Моисей амарди. Ныр бавдӕл ӕмӕ Израилы адӕмимӕ, Иорданы фале сын цы зӕхх дӕттын, уырдӕм бахиз.


Дунедарӕг Йӕ цагъар Моисейӕн цытӕ бафӕдзӕхста, уыдӕттӕ Моисей та бафӕдзӕхста Йешуайӕн, ӕмӕ Дунедарӕг Моисейӕн цыдӕриддӕр загъта, уыдон Йешуа фӕстаг дзырды онг сӕххӕст кодта.


Уӕд Дунедарӕг Йешуайӕн загъта: «Абонӕй фӕстӕмӕ дӕ Ӕз скадджын кӕндзынӕн Израилы адӕмы цӕсты. Ӕмӕ уыдон фендзысты: Ӕз Моисейыл куыд аудыдтон, афтӕ аудын дӕуыл дӕр.


Уыцы бон Дунедарӕг Йешуайы скадджын кодта Израилы адӕмы цӕсты, ӕмӕ, Моисейы куыд нымадтой, афтӕ йӕ нымадтой уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ цард-цӕрӕнбонты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ