Фӕлхатгонд ӕгъдау 31:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст29 Уымӕн ӕмӕ йӕ зонын, мӕ мӕлӕты фӕстӕ схъахбай уыдзыстут ӕмӕ уӕ цы фӕндагыл бафтыдтон, уымӕй азилдзыстут. Сомбон уыл фыдбылызтӕ ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон митыл бафтдзыстут ӕмӕ Йӕ уӕ хъуыддӕгтӕй смӕсты кӕндзыстут». အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Дзӕвгар рӕстӕджы фӕстӕ бахъӕудзӕни дӕ сӕр. Фидӕны азты ды ӕрцӕудзынӕ, карды азарӕй чи фервӕздзӕн, уыцы бӕстӕм, бирӕ ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕнӕй уырдӕм чи ӕрбаздӕхдзӕн, уыцы адӕммӕ, иудадзыг гӕныстон чи уыд, Израилы уыцы хӕхтӕм. Йӕ цӕрджытӕ ӕрбаздӕхдзысты ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕнӕй ӕмӕ се ’ппӕт дӕр цӕрдзысты ӕдасӕй.