26 «Айсут ацы Ӕгъдау ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, Фидыды Чырыны цур бафснайут. Уым уӕ ныхмӕ ӕвдисӕны хуызы лӕудзӕн,
Дунедарӕг нын нӕ фыдӕлты Мысырӕй куы ракодта, уӕд семӕ бафидыдта, ӕмӕ Йӕ фӕдзӕхстытӕ цы Фидыды Чырыны ӕвӕрд сты, уымӕн ацы Кувӕндоны скодтон бынат.
Фидыды Чырыны-иу нывӕр, къӕйдуртыл фыстӕй дын цы фӕдзӕхстытӕ ратдзынӕн, уыдон.
Ӕгъдауы фӕрцы ӕз амардтӕн Ӕгъдауӕн, цӕмӕй цӕрон Хуыцауӕн. Ӕз тыгъд ӕрцыдтӕн Чырыстиимӕ.
Уӕдӕ ныффыссут уӕхимӕ мӕнӕ ацы зарӕг. Сахуыр ӕй кӕнӕнт израилӕгтӕ ӕмӕ йӕ ӕдзухдӕр сӕ былалгъыл дарӕнт, цӕмӕй Мын уый ӕвдисӕн уа сӕ ныхмӕ.
уӕд загъта левиттӕн, Дунедарӕджы Фидыды Чырын хӕсджытӕн:
уымӕн ӕмӕ ӕз хорз зонын, куыд хивӕнд ӕмӕ ӕнӕсӕттон стут, уый. Цалынмӕ удӕгас дӕн ӕмӕ уемӕ дӕн, уӕдмӕ кӕм нӕ уисӕн кӕнут Дунедарӕгӕн, уым ма, куы амӕлон, уӕд та цы уыдзӕни?
Моисей ныффыста уыцы Ӕгъдау ӕмӕ йӕ, Дунедарӕджы Фидыды Чырын чи хаста, уыцы сауджынтӕм, Левийы байзӕддӕгтӕм, стӕй Израилы хистӕртӕм радта.
Самуел адӕмӕн радзырдта паддзахы барты тыххӕй, чиныджы сӕ ныффыста ӕмӕ чиныг Дунедарӕджы кувӕндоны сӕвӕрдта. Стӕй ӕппӕт адӕмы дӕр сӕ хӕдзӕрттӕм ауагъта.