Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 31:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Дунедарӕг бафӕдзӕхста Йешуайӕн, Нуны фыртӕн: «Ды бакӕндзынӕ израилӕгты, Ӕз сӕ фыдӕлтӕн цы бӕстӕйы тыххӕй басомы кодтон, уырдӕм. Ма фӕцуд, фидар лӕуу — Ӕз уыдзынӕн демӕ».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 31:23
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Алы зӕххонау ныр ӕз дӕр цӕуинаг дӕн мӕ фӕстаг балцы. Ӕмӕ дын фӕдзӕхсын, фидар лӕуу, дӕ лӕгдзинад макуы фесаф!


уый фырт Нун, уый фырт Йешуа.


Хуыцау ын дзуапп радта: «Ӕз демӕ уыдзынӕн. Мӕнӕ, Ӕз дӕ кӕй арвыстон, уый нысан: Мӕ адӕмы Мын Мысырӕй куы ракӕнай, уӕд ӕрбацӕудзыстут ӕмӕ Хуыцаумӕ мӕнӕ ацы хохы сӕр скувдзыстут».


Фӕлӕ фидар лӕуу, Зоровавел! — зӕгъы Дунедарӕг. — Фидар лӕуу, алчер Йешуа, Иоцадакы фырт! Бӕстӕйы адӕм, фидар лӕуут уе ’ппӕт дӕр ӕмӕ уӕ куыст кӕнут, уымӕн ӕмӕ Ӕз уемӕ дӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, —


Сӕ бӕстӕ куыд у — хорз у ӕви ӕвзӕр? Сӕ сахартӕ быгъдӕг сты ӕви бырутӕй ӕхгӕд?


Фыдбылызӕй хызт у Йаков, бӕллӕхӕй тас нӕу Израилӕн. Дунедарӕг, сӕ Хуыцау, семӕ ис, Паддзах Ӕй скодтой сӕхицӕн.


йӕ арм ыл ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕ ӕххӕстбарджын скодта, Дунедарӕг Моисейы уылты куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Нӕ фыдӕлтӕ йӕ райстой ӕмӕ йӕ Нуны фырт Йешуаимӕ бахастой, нӕ фыдӕлты цурӕй Хуыцау кӕй фӕсырдта, уыцы адӕмы бӕстӕм. Ӕмӕ уым фӕци Давиды заманы онг.


Йешуайӕн бафӕдзӕхс, цӕмӕй фидар лӕууа ӕмӕ ма фӕцуда; ацы адӕмы разӕй уый ацӕудзӕн ӕмӕ, ды дардӕй кӕй фендзынӕ, уыцы зӕхх сын уый байуардзӕн“.


Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Дӕуӕн бирӕ цӕрӕнбон нал ис. Фӕдзур Йешуамӕ, Фембӕлды Цатыры Мӕ разы ӕрлӕуут, ӕмӕ йӕ Ӕз бафӕдзӕхсон». Моисей ӕмӕ Йешуа бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ.


Моисей Ӕгъдау райдайӕнӕй кӕронмӕ фыст куы фӕци чиныджы,


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг уӕ разӕй ацӕудзӕн. Ныццӕгъддзӕн Уый уымы цӕрджыты, ӕмӕ сӕ зӕхх сымах бауыдзӕн. Йешуа ацӕудзӕн уӕ разӕй, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.


Фидар фӕлӕуут, ма фӕтасут! Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уемӕ ис. Уый уыл Йӕхи нӕ атигъ кӕндзӕн ӕмӕ уӕ нӕ ныууадздзӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ