18 Ӕз та сӕ уӕд, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл кӕй ацыдысты, уый тыххӕй Ме ’ргом аздахдзынӕн.
«Цӕут ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсут, ацы чиныджы цы фыст ис, уымӕй. Бафӕрсут Ӕй мӕн тыххӕй, нӕ адӕмы тыххӕй ӕмӕ ӕгас Иудейы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ нӕм мӕстӕй судзы, нӕ фыдӕлтӕ Ӕгъдауы чиныджы домӕнтӕм сӕ хъус кӕй нӕ дардтой, кӕй сӕ не ’ххӕст кодтой, уый тыххӕй».
Уыцы зӕххы цӕрджытимӕ макуы бафидаут. Кӕннод, сӕ хуыцӕуттӕм кувгӕйӕ, нывӕндтӕ сын хӕсгӕйӕ, фӕхондзысты сымах дӕр, ӕмӕ сын сӕ нывӕндты дзидзайӕ хӕрдзыстут.
Сымах ницы фехъуыстат, ницы зыдтат уый тыххӕй. Ӕцӕг, уӕ хъустӕ рагӕй нырмӕ дӕр ӕхгӕд сты. Ӕз рагацау зыдтон, фӕлитой кӕй стут, суанг уӕ мады гуыбынӕй фыдзыкъуыр кӕй рахастат, уый.
Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.
Ӕххуысагур дӕр Дӕм ничиуал кувы. Ӕмӕ нӕм Ды дӕр нал ӕвдисыс Дӕ цӕсгом. Ныууагътай нӕ, ӕмӕ сӕфты къахыл ныллӕууыдыстым нӕ фыдмиты тыххӕй.
сӕ цӕрджытӕ рацыдысты халдейӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ, фӕлӕ Ӕз ацы хӕдзӕрттӕ, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ, фесафдзынӕн, уыцы хӕдзӕрттӕ адӕмы мӕрдтӕй байдзаг уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахарӕй се ’ппӕт фыдракӕндты тыххӕй Ме ’ргом аздӕхтон.
Иннӕ адӕмтӕ та базондзысты, Израилы адӕм сӕ тӕригъӕдты аххосӕй хасты кӕй уыдысты, уый. Гадзрахатӕй Мыл кӕй рацыдысты, уый тыххӕй сӕ Ме ’ргом аздӕхтон, сӕ фыдгулты къухтӕм сӕ радтон ӕмӕ се ’ппӕт дӕр карды амӕттаг баисты.
Уӕдӕ ныффыссут уӕхимӕ мӕнӕ ацы зарӕг. Сахуыр ӕй кӕнӕнт израилӕгтӕ ӕмӕ йӕ ӕдзухдӕр сӕ былалгъыл дарӕнт, цӕмӕй Мын уый ӕвдисӕн уа сӕ ныхмӕ.
Загъта: „Ме ’ргом сӕ аздахдзынӕн ӕмӕ, сӕ кӕрон цӕмӕ ӕрцӕудзӕн, уый фендзынӕн. Мӕнгард фӕлтӕр сты уыдон, сӕ хӕс кӕмӕй ферох ис, ахӕм цот.
Фӕлӕ израилӕгтӕ сӕ фӕтӕгтӕм дӕр нал хъуыстой, ӕндӕр хуыцӕуттӕн кад кодтой. Сӕ фыдӕлтӕ цы фӕндагыл цыдысты, уымӕй иуварс тагъд фӕзылдысты. Уыдон Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтой, адон та нӕ.