Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 31:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Уыйадыл сӕм Мӕ маст ссудздзӕни, сӕхи бар сӕ ныууадздзынӕн, Мӕхи сӕм нал равдисдзынӕн, ӕмӕ сыл дудгӕбон куы акӕна, бӕллӕхтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бын куы фӕуой, уӕд дзурдзысты: „Кӕд, нӕ Хуыцау нӕ кӕй ныууагъта, уымӕн ныл ӕрцыдысты ацы фыдбылызтӕ?!“

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 31:17
43 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кӕддӕр нын Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, нӕ фыдӕлтыл куыд аудыдта, афтӕ аудӕд махыл дӕр, йӕхи ныл ма атигъ кӕнӕд ӕмӕ нӕ дзӕгъӕлӕй ма ныууадзӕд.


«Цӕут ӕмӕ Дунедарӕджы бафӕрсут, ацы чиныджы цы фыст ис, уымӕй. Бафӕрсут Ӕй мӕн тыххӕй, нӕ адӕмы тыххӕй ӕмӕ ӕгас Иудейы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ нӕм мӕстӕй судзы, нӕ фыдӕлтӕ Ӕгъдауы чиныджы домӕнтӕм сӕ хъус кӕй нӕ дардтой, кӕй сӕ не ’ххӕст кодтой, уый тыххӕй».


Ды дӕр, мӕ хъӕбул Соломон, зон дӕ фыды Хуыцауы ӕмӕ Йын кус зӕрдиагӕй, удуӕлдайӕ, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыны алкӕй мидзӕрдӕ, зоны алы фӕнд. Куы Йӕ агурай, уӕд дын раргом кӕндзӕн Йӕхи, намӕ Йыл куы сыстырзӕрдӕ уай, уӕд та дыл бахъоды кӕндзӕни мыггагмӕ.


ӕмӕ уый Асайы размӕ рацыд ӕмӕ йын загъта: «Аса, стӕй Иудӕ ӕмӕ Бениамины адӕм, ӕрбайхъусут-ма уе ’ппӕт дӕр! Дунедарӕг уыдзӕни уемӕ, цалынмӕ уӕхӕдӕг Йемӕ уат, уӕдмӕ. Куы Йӕ агурат, уӕд уӕм раргом уыдзӕн. Фӕлӕ Йӕ куы ныууадзат, уӕд уыл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн.


Ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ Едомы цӕрджытӕ Иудейы дӕлбар нал сты. Уыцы заман Ливнӕйы сахар дӕр Иорамы хицаудзинады ныхмӕ сыстади, уымӕн ӕмӕ Иорам ферох кодта Дунедарӕджы, йӕ фыдӕлты Хуыцауы.


Уӕд Хуыцауы Уд ӕртыхсти Захариайыл, сауджын Йеходайы фыртыл, ӕмӕ уый дзыллӕйы раз ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Афтӕ зӕгъы Хуыцау: цӕуылнӕ ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ? Уӕ хъуыддӕгты ӕнтыстджын нӕ уыдзыстут. Кӕд Ыл сымах уӕхи атигъ кодтат, уӕд уыл Уый дӕр атигъ кӕндзӕн Йӕхи».


О нӕ Хуыцау! Стыр, хъомысджын ӕмӕ тасӕфтауӕг, Йӕ Фидыд Чи нӕ рох кӕны, уыцы рӕстаудӕг Хуыцау! Ныр нын фагыл банымай, нӕхӕдӕг, нӕ паддзӕхтӕ, нӕ фӕтӕгтӕ, нӕ сауджынтӕ, нӕ пехуымпартӕ, нӕ фыдӕлтӕ ӕмӕ Дӕ адӕм иууылдӕр ассириаг паддзӕхты заманӕй абоны онг цы хъизӕмӕрттӕ февзӕрстой, уыдон.


Цӕмӕн мӕ ӕмбӕхсыс Дӕ цӕсгом, Дӕхицӕн мӕ знагыл цӕмӕн нымайыс?


Адӕймагӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиды, чи цы аккаг у, уый айсы.


Сӕ дон сын фестын кодта туг, сӕ кӕсӕгтӕ сын амардта.


Кадджын Ӕй кӕнут сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, цӕмӕй уӕм ма смӕсты уа, ӕмӕ фыдвӕндаг ма фӕуат! Уайтагъд рафыцдзӕни Йӕ маст! Тӕхудиаг сты, йӕхи Йыл чи бафӕдзӕхста, уыдон!


О Хуыцау, фервӕзын кӕн Дӕ адӕмы, арфӕ ракӕн Дӕ исбонӕн, хиз ӕмӕ сӕ хъахъхъӕн мыггагмӕ.


Мӕнгхуыцӕуттӕм кувджытӕ мын сты ӕнӕуынон, ӕз Дунедарӕгыл дарын мӕ зӕрдӕ.


Дӕ кадджын фӕсдзӕуинты ’хсӕн — паддзахы чызджытӕ, ус-паддзах офираг сыгъзӕрины фӕлыстӕй ӕрлӕууыди Дӕ фарсмӕ.


Бафӕдзӕхсдзӕни дӕ Йӕ зӕдтӕн — дӕ алы фӕндагыл дӕ бахъахъхъӕндзысты.


Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, ныууагътай Дӕ адӕмы, Йаковы хӕдзарвӕндаджы, уымӕн ӕмӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй байдыдтой Скӕсӕны адӕмты фӕзмын. Филистимӕгтау сӕм фӕзынди дӕсныфӕрсджытӕ, ӕндӕрбӕстӕгтимӕ сӕмдзӕхдон сты.


Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.


О Дунедарӕг, цӕмӕн нӕ бауагътай Дӕ фӕндаджы иувӕрсты ацӕуын? Цӕмӕн ӕруагътай уый, ӕмӕ Дыл нӕ зӕрдӕ сивӕм, мауал Дӕ тӕрсӕм? Ӕркӕс нӕм, Дӕ цагъартӕм, Дӕхи адӕммӕ!


Ӕххуысагур дӕр Дӕм ничиуал кувы. Ӕмӕ нӕм Ды дӕр нал ӕвдисыс Дӕ цӕсгом. Ныууагътай нӕ, ӕмӕ сӕфты къахыл ныллӕууыдыстым нӕ фыдмиты тыххӕй.


Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта Йаковы байзӕддагӕй, фӕлӕ ӕз уӕддӕр Дунедарӕгӕй ныфсджын уыдзынӕн, мӕ зӕрдӕ Йыл дардзынӕн.


Адӕмӕй, пехуымпартӕй кӕнӕ сауджынтӕй дӕ исчи куы фӕрса, Дунедарӕг цавӕр рагуац рарвыста, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъ: Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Уӕхӕдӕг уӕхицӕн рагуацтӕ систут, Ӕз уӕ ныууагътон».


уый тыххӕй уӕ Ӕз бынтондӕр ферох кӕндзынӕн, ныууадздзынӕн уын уӕхи дӕр ӕмӕ сымахӕн, стӕй уӕ фыдӕлтӕн цы сахар радтон, уый дӕр.


сӕ цӕрджытӕ рацыдысты халдейӕгты ныхмӕ хӕцынмӕ, фӕлӕ Ӕз ацы хӕдзӕрттӕ, фыр мӕстӕй пиллон арт уадзгӕйӕ, фесафдзынӕн, уыцы хӕдзӕрттӕ адӕмы мӕрдтӕй байдзаг уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы сахарӕй се ’ппӕт фыдракӕндты тыххӕй Ме ’ргом аздӕхтон.


Чи зоны, Дунедарӕгмӕ сӕрныллӕгӕй скувой ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза, уымӕн ӕмӕ сӕм Дунедарӕг ӕртхъирӕн кӕны йӕ судзгӕ маст ӕмӕ йӕ фыдӕхы хай сӕ бакӕнынӕй».


Хъахъхъӕнджыты хицау Йеремиайы куы ссардта, уӕд ын загъта: «Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ацы зӕххӕн рагацау фыдбылыз снысан кодта.


Дард бӕстӕй Мӕ адӕмы ӕрдиаг хъуысы: „Ау, Сионы Дунедарӕг нӕй? Ау, Паддзах дзы нал ис?“» «Цӕмӕн Мӕ мӕсты кодтой сӕ гуымирытӕй, ӕндӕрбӕстаг мӕнг хуыцӕуттӕй?»


Ӕз Израилы адӕмӕй Ме ’ргом нал аздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг Хуыцау».


Ӕнӕпайда ныхӕстӕ кӕнынц; мӕнг сомытӕ кӕнгӕйӕ, сфидар кӕнынц сӕ бадзырдтӕ. Фӕлӕ, гутонвӕды маргджын хӕмпӕлгӕрдӕг куыд ӕрзайы, уыйау талатӕ суадздзӕни сӕ раст тӕрхон.


Сабитӕ куы схӕссой, уӕд дӕр сын се ’ппӕты дӕр байсдзынӕн. Додой сӕ къона, Ӕз сыл Мӕхи куы атигъ кӕнон, уӕд!


Дунедарӕгмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ Уый нӕ фехъусдзӕн, уыцы заман сӕ Йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн сӕ фыдракӕндты аххосӕй.


Кӕд Дунедарӕг уемӕ нӕй, уӕд ма ацӕут — знӕгтӕ уӕ ныззыгуым кӕндзысты.


Ахӕм адӕймагӕн Дунедарӕг нӕ ныххатыр кӕндзӕн, Йӕ маст пиллон артау ссудздзӕн уыцы адӕймагмӕ, ацы чиныджы ӕлгъыстытӕ йыл ӕрцӕудзысты, ӕмӕ арвы бын йӕ кой дӕр нал фӕзындзӕн.


уӕд — ӕз уын ӕй абон зӕгъын — фесӕфдзыстут. Иорданы фаллаг фарс уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым бирӕ нӕ фӕцӕрдзыстут.


Абон мын арв ӕмӕ зӕхх ӕвдисӕнтӕ уӕнт уӕ разы, цард кӕнӕ мӕлӕт, арфӕ кӕнӕ уын ӕлгъыст хъардтон. Равзарут цард, ӕмӕ цӕрын бантысдзӕн сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр,


Ӕз та сӕ уӕд, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл кӕй ацыдысты, уый тыххӕй Ме ’ргом аздахдзынӕн.


Ма сӕ тӕрсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, стыр ӕмӕ карз Хуыцау, уемӕ ис.


Израилӕгтӕ ногӕй Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой: лӕггад кодтой Баалтӕ ӕмӕ Астартӕтӕн, арамейӕгты хуыцӕуттӕн, сидойнӕгтӕ, моавӕгтӕ, аммонӕгтӕ ӕмӕ филистимӕгты хуыцӕуттӕн. Ферох кодтой Дунедарӕджы, нал Ын лӕггад кодтой.


Гедеон ын дзуапп радта: «Ме ’лдар, кӕд Дунедарӕг ӕцӕгӕйдӕр немӕ ис, уӕд ныл ацы бӕллӕхтӕ цӕмӕн ӕрцыдысты? Нӕ фыдӕлтӕ-иу Дунедарӕджы диссӕгты кой арӕх ракодтой. Кӕм сты ныр Йӕ уыцы диссӕгтӕ? Афтӕ-иу нын куы дзырдтой, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй ракодта, зӕгъгӕ. Ныр нӕ Дунедарӕг мидианӕгты къухмӕ куы радта!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ