Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 31:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Дӕуӕн бирӕ цӕрӕнбон нал ис. Фӕдзур Йешуамӕ, Фембӕлды Цатыры Мӕ разы ӕрлӕуут, ӕмӕ йӕ Ӕз бафӕдзӕхсон». Моисей ӕмӕ Йешуа бацыдысты Фембӕлды Цатырмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 31:14
29 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилӕн йӕ адзал куы ӕрӕввахс ис, уӕд басидт йӕ фырт Йосефмӕ: «Кӕд мӕ нымайыс, уӕд мын дӕ къухӕй мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал ӕмӕ ард бахӕр, иузӕрдион ӕмӕ мын уарзӕгой фырт кӕй разындзынӕ, уый тыххӕй. Мысыры-иу мын ма бавӕр мӕ мард,


Давид мӕлыны къахыл ныллӕууыд ӕмӕ йӕ фырт Соломонӕн бафӕдзӕхста:


Уый тыххӕй Дунедарӕг афтӕ зӕгъы уӕ паддзахӕн: ды дӕ хуыссӕнӕй нал сыстдзынӕ, фӕлӕ амӕлдзынӕ». Илийа бакодта, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ,


Уыцы бонты Езекиа фӕци мӕлӕтдзаг рынчын. Ӕрбацыди йӕм пехуымпар Исайа, Амоцы фырт, ӕмӕ йын загъта: «Дунедарӕг дын фӕдзӕхсы, дӕ хӕдзаронтӕн, дам, ныууадз ныстуан, уымӕн ӕмӕ дӕ мӕлӕтдзаг низӕй нал сдзӕбӕх уыдзынӕ».


Иу бон Хуыцауы фырттӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты, сайтан дӕр — се ’хсӕн.


Иу бон та Хуыцауы фырттӕ Дунедарӕджы раз ногӕй ӕрлӕууыдысты, сайтан дӕр семӕ.


Дунедарӕг та Моисеимӕ ныхас кодта лӕгӕй-лӕгмӕ, адӕймаг адӕймагимӕ куыд фӕдзуры, афтӕ. Уый фӕстӕ-иу Моисей рӕсӕнуатмӕ ӕрбаздӕхт. Фӕлӕ-иу Нуны фырт Йешуа, Моисейы кӕстӕриуӕггӕнӕг, баззади Цатыры, уырдыгӕй никуыдӕм цыд.


Моисей-иу Цатырмӕ куы бацыд, уӕд-иу мигъы цӕджындз йӕхи бынмӕ ӕруагъта, ӕрлӕууыд-иу Цатыры къӕсӕрыл, ӕмӕ-иу Дунедарӕг ныхас кодта Моисеимӕ.


Дӕхи райсоммӕ цӕттӕ дар. Сӕумӕрайсом Синайы хохы сӕрмӕ ссу ӕмӕ уым Мӕ разы ӕрлӕуу.


Удӕгӕстӕ, кӕй амӕлдзысты, уый зонынц, мӕрдтӕ та ницы зонынц. Лӕг йӕ куыстӕй цы хӕрзиуӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ахӕмӕй ницыуал райсдзысты, уымӕн ӕмӕ ферох сты.


Уыцы бонты Езекиа фӕци мӕлӕтдзаг рынчын. Амоцы фырт, пехуымпар Исайа йӕм ӕрбацыд ӕмӕ загъта: «Дунедарӕг дын фӕдзӕхсы, дӕ хӕдзаронтӕн, дам, ныууадз ныстуан, уымӕн ӕмӕ мӕлӕтдзаг низӕй нал сдзӕбӕх уыдзынӕ».


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Мӕнӕ Аваримы хохмӕ ссу ӕмӕ, израилӕгтӕн цы зӕхх радтон, уымӕ акӕс.


Ӕмӕ йӕм куы акӕсай, уӕд ды дӕр дӕ адӕмы ’хсӕнӕй фӕхъӕудзынӕ, де ’фсымӕр Аарон куыд фӕхъуыди, афтӕ.


Ӕмӕ загъта Дунедарӕг Моисейӕн: «Райс дӕхимӕ Нуны фырт Йешуайы, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уыцы адӕймаджы, ӕмӕ йыл дӕ къух ӕрӕвӕр.


Хуыцау уӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: уӕхи Йын ӕрхӕссут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ фӕндиаг нывондӕн. Уый уыдзӕн, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уӕ уыцы куыст Хуыцауӕн.


Сӕ цот, чи йӕ нӕма зоны, уыдон дӕр хъусӕнт ӕмӕ сахуыр уӕнт, цалынмӕ, Иорданы фале уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым цӕрат, уӕдмӕ ӕдзухдӕр Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсын».


уӕд ма сын ноджы загъта: «Сӕдӕ дыууын азы мыл цӕуы ныр. Цӕуынтӕн нал дӕн. Дунедарӕг мын загъта: „Иорданы сӕрты нӕ ахиздзынӕ ды“.


Дунедарӕг бафӕдзӕхста Йешуайӕн, Нуны фыртӕн: «Ды бакӕндзынӕ израилӕгты, Ӕз сӕ фыдӕлтӕн цы бӕстӕйы тыххӕй басомы кодтон, уырдӕм. Ма фӕцуд, фидар лӕуу — Ӕз уыдзынӕн демӕ».


Уыцы хохмӕ куы ссӕуай, уӕд уым амӕлдзынӕ ӕмӕ дӕ сыджытыл бафтдзынӕ, де ’фсымӕр Аарон Оры хохыл куыд амард ӕмӕ йӕ сыджытыл куыд бафтыдис, афтӕ.


Ӕмӕ амарди уым, Моавы бӕстӕйы, Моисей, Дунедарӕджы цагъар, Дунедарӕг куыд загъта, афтӕ.


Ӕз амӕлдзынӕн ацы бӕстӕйы, Иорданы фаллаг фарсмӕ нӕ бахиздзынӕн, афтӕмӕй; сымах та бахиздзыстут ӕмӕ уыцы диссаджы бӕстӕ уӕхи бакӕндзыстут.


Алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ фӕстаг балц кӕдӕм вӕййы, уырдӕм мын рӕхджы цӕугӕ у. Ӕмӕ уын фӕдзӕхсын, мисхалы бӕрц дӕр ма гуырысхо кӕнут: Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымах тыххӕй цы хӕлар ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй иунӕг дӕр дзӕгъӕлы нӕ уыд. Иууылдӕр сӕххӕст сты, иунӕг дзырд дӕр дзы ӕнӕ сӕххӕст нӕ баззади.


Израилы хӕдзарвӕндӕгты се ’ппӕты дӕр Йешуа ӕрӕмбырд кодта Шехеммӕ, уыимӕ фӕсидт Израилы хистӕртӕм, дзыллӕйы хицӕуттӕм, тӕрхонгӕнджытӕм ӕмӕ хъусдарджытӕм, ӕмӕ иууылдӕр ӕрлӕууыдысты Хуыцауы раз.


Фӕкӕлынӕй уӕ бахизын ӕмӕ уӕ Йӕ намысмӕ ӕнаиппӕй ӕмӕ райгӕйӕ бакӕнын Кӕй бон у,


Сымах та абон уӕхи атигъ кодтат уӕ Хуыцауыл, кӕд ӕмӕ уӕ Уый уе ’ппӕт фыдбылызтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕй ирвӕзын кӕны, уӕддӕр ӕмӕ Йын загътат: „Сӕвӕр нын паддзах нӕ сӕргъы“. Гъемӕ ныр Дунедарӕджы раз ӕрлӕуут хӕдзарвӕндаггай, мыггаггай».


Йӕ ныхасыл-ма бафтыдта: «Сомы кӕнын Дунедарӕгӕй — Йӕхӕдӕг ӕрцӕвдзӕн Дунедарӕг Саулы: искӕд бон йӕхи мӕлӕтӕй амӕлдзӕн, науӕд та хӕстмӕ ацӕудзӕн ӕмӕ уым фӕмард уыдзӕни. Мӕн та Дунедарӕг Йӕ байсӕрстмӕ мӕ къух сисынӕй бахизӕд!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ