Фӕлхатгонд ӕгъдау 31:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст12 Ӕрӕмбырд кӕнут адӕмы — нӕлгоймӕгты, сылгоймӕгты, сабиты, уӕ сахарты цӕрӕг ӕрцӕуӕггӕгты, цӕмӕй хъусой ӕмӕ ахуыр кӕной, цӕмӕй тӕрсой Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ ацы Ӕгъдау бӕстон ӕххӕст кӕной. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Адӕм иууылдӕр — бындурон цӕрӕг израилӕгтӕ ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕ Израилы хистӕртимӕ, чапартимӕ, тӕрхонгӕнджытимӕ — лӕууыдысты Дунедарӕджы Фидыды Чырыны фӕйнӕфарс, Левийы байзӕддӕгты, Фидыды Чырын чи хаста, уыцы сауджынты акомкоммӕ. Адӕмы иу ӕмбис лӕууыди Геризимы хохы фахсыл, иннӕ ӕмбис та — Эвалы хохы фахсыл. Израилы адӕмӕн ахӕм арфӕ ракӕнын бафӕдзӕхста йӕ заманы Дунедарӕджы цагъар Моисей.