10 Бафӕдзӕхста сын Моисей: «Авд азы фӕстӕ, хатыр кӕныны аз, Халагъудты бӕрӕгбоны,
Уӕд Иудейы адӕм ӕмӕ Йерусалимы ӕппӕт цӕрджытимӕ, сауджынтимӕ ӕмӕ пехуымпартимӕ, ӕппӕт дзыллӕимӕ дӕр, стырӕй, чысылӕй, паддзах фӕраст ис Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ. Уым сын райдианӕй кӕронмӕ хъӕрӕй бакасти, Кувӕндоны кӕй ссардтой, уыцы Фидыды чиныджы фыст.
Ӕвдӕм аз, хӕстӕ барыны аз, ӕрбахӕццӕ кӕны, зӕгъгӕ, уӕд ӕнаккаг хъуыды ма бахъуызӕд дӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ дӕ мӕгуыр ӕфсымӕрыл дӕхи ма атигъ кӕн: йӕ дзыназын Дунедарӕгмӕ фехъуысдзӕн, ӕмӕ тӕригъӕды бацӕудзынӕ.
Авд боны дӕргъы-иу бӕрӕг кӕн Халагъудты бӕрӕгбон, дӕ хор ӕмӕ-иу дӕ сӕн куы бафснайай, уӕд.