8 Сымах та ногӕй Дунедарӕджы коммӕ кӕсдзыстут ӕмӕ Йын ӕххӕст кӕндзыстут Йе ’ппӕт фӕдзӕхстытӕ, абон уын ӕз кӕй хъусын кӕнын, уыдон.
Адӕймаджы зӕрдӕ фӕндтӕ кӕны, фӕлӕ алцӕмӕн дӕр дзуапп Дунедарӕгӕй рацӕуы.
Мӕнӕ ис, Израилы байзӕддӕгтимӕ уыцы заманы фӕстӕ цы Фидыд сараздзынӕн, уый, — зӕгъы Дунедарӕг: Ме ’Гъдау сын сӕ сӕрызонды бавӕрдзынӕн, сӕ зӕрдӕтыл сын ӕй ныффысдзынӕн. Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм.
Чи зоны, ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, цы бӕллӕхтӕ сыл ӕруадзинаг дӕн, уый бамбарой, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза. Ӕмӕ сын уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ ныббардзынӕн».
Уӕ мидӕг уын бавӕрдзынӕн Мӕ Уд, ӕмӕ Мын уӕд Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрдзыстут, ӕххӕст мын кӕндзыстут Мӕ уагӕвӕрдтӕ.
Мӕ цагъар Давид суыдзӕни сӕ паддзах, се ’ппӕты фыййау, ӕмӕ Мын ӕххӕст кӕндзысты Мӕ уагӕвӕрдтӕ, нымайдзысты ӕмӕ ӕххӕст кӕндзысты Мӕ амындтытӕ.
ӕмӕ дыууӕты дӕр, иу буары, Хуыцауимӕ бафидауын кӕна, дзуарыл мӕлӕт райсгӕйӕ ӕмӕ Йӕ мӕлӕтӕй фыдӕх фесафгӕйӕ.
Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы раздӕхат, сымах дӕр ӕмӕ уӕ цот дӕр Йӕ коммӕ куы кӕсат ӕмӕ уын абон цыдӕриддӕр фӕдзӕхсын, уыдон зӕрдиагӕй куы ӕххӕст кӕнат,
Уӕд Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы ӕлгъыстытӕ иууылдӕр уе знӕгты, чи уӕ нӕ уарзы ӕмӕ уӕ фӕдыл чи зылд, уыдоны ныхмӕ сараздзӕн.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн алцыдӕр парахатӕй ратдзӕн, уӕ алы хъуыддаг дӕр уыдзӕни ӕнтыстджын; уӕ байзӕддаг, уӕ фосы зӕйц ӕмӕ уӕ зӕххы тыллӕг арфӕгонд уыдзысты. Йӕ хорзӕхтӕ уын лӕвар кӕнгӕйӕ, Дунедарӕг ногӕй цин кӕндзӕни, уӕ фыдӕлтыл куыд цин кодта, афтӕ,
уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг кусы уӕ зӕрдӕты — фӕндон Ын чи у, уӕ уыцы бӕллицтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ Уымӕй рацӕуынц.