Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 30:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Ӕркӕндзӕни уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, уӕ фыдӕлты бӕстӕм, ӕмӕ йӕ уӕхи бакӕндзыстут. Дунедарӕджы хорзӕхӕй даргъ-уӕрӕх ацӕудзӕн уӕ мыггаг, уӕ фыдӕлтӕй фӕфылдӕр уыдзыстут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 30:5
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕз уӕм мӕхи раргом кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — уацарӕй уӕ раздахдзынӕн. Цы бӕстӕтӕ ӕмӕ уӕ цы адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, уырдыгӕй уӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — кӕцӕй уӕ фӕсырдтон, уыцы зӕхмӕ уӕ фӕстӕмӕ раздахдзынӕн.


Уымӕн ӕмӕ ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Мӕ адӕмы, Израил ӕмӕ Иудейы, уацарӕй раздахдзынӕн. Сӕ фыдӕлтӕн сын цы зӕхх радтон, уырдӕм сӕ ӕрбакӕндзынӕн, исбонӕн сын ӕй ратдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг.


Ацы сахар Мӕ ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн скадджын кӕндзӕн. Цы хорзӕхтӕ йын балӕвар кодтон, уый куы фехъусой, уӕд Мӕ цингӕнгӕйӕ стаудзысты. Цы фарнӕй йӕ схайджын кодтон, уый куы базоной, уӕд фыр тӕссӕй нырриздзысты.


Ныббирӕ уыл кӕндзынӕн уӕ адӕм ӕмӕ фос. Уыдон цот уадздзысты ӕмӕ сбирӕ уыдзысты. Раздӕры заманау уыл ӕрцӕрын кӕндзынӕн бирӕ адӕм ӕмӕ уын раздӕры заманӕй фылдӕр хӕрзтӕ ратдзынӕн. Уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ахӕм хорзы дӕр ма бацӕудзынӕн Израилы адӕмӕн, ӕмӕ сӕ сбирӕ кӕндзынӕн фосы дзугау.


Моисей загъта Ховавӕн, Реуелы фыртӕн, йӕ мидианаг каисӕн: «Мах цӕуӕм, Дунедарӕг нын раттынӕй зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уырдӕм. Цом махимӕ, ӕмӕ дын хорзы бацӕудзыстӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Израилӕн бирӕ хӕрзтӕй зӕрдӕ бавӕрдта».


Мацы баззайӕд дӕ къухы уыцы ӕлгъыстаг фӕллойӕ, цӕмӕй дӕм Дунедарӕгӕн Йӕ маст ма ссудза, Йӕ хорзӕх дын ратта ӕмӕ, дӕ фыдӕлтӕн куыд расомы кодта, афтӕ дын дӕ мыггаг сбирӕ кӕна.


Хуыцауӕн уарзон уыдзыстут, ӕмӕ уын арфӕ ракӕндзӕн; сымахӕн раттынӕй уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уым мыггагарӕх уыдзыстут. Арфӕгонд уыдзысты уӕ зӕнӕг ӕмӕ уӕ зӕххы тыллӕг, уӕ хойраг, уӕ сӕн ӕмӕ оливӕйы сой, уе стуртӕ ӕмӕ уӕ фысвосы цӕуӕт.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ