Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 30:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 уарзут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, хъусут Ӕм ӕмӕ Йыл уӕ зӕрдӕ ма ивут, уымӕн ӕмӕ Уымӕй аразгӕ у уӕ цард, уӕ цӕрӕнбон, Дунедарӕг нӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковӕн цы бӕстӕ раттыныл басомы кодта, уым».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 30:20
39 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

фӕлӕ Дунедарӕг Авраммӕ ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ацы зӕхх ратдзынӕн дӕ байзӕддӕгтӕн». Ӕмӕ Аврам Дунедарӕгӕн уыцы ран сарӕзта нывондхӕссӕн.


Аврамыл нудӕс ӕмӕ цыппарыссӕдз азы куы цыдис, уӕд ӕм Дунедарӕг ӕргом рацыд ӕмӕ йын загъта: «Ӕз Ӕппӕтхъомыс Хуыцау дӕн. Кӕс Мӕ коммӕ ӕмӕ у ӕнаипп!


Давиды псалом. Дӕумӕ дзыназын, Дунедарӕг, мӕ Къӕдзӕх! Ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз! Ды ӕдзӕмӕй куы баззайай, уӕд мыл мӕрдон хуыз бафтдзӕни.


Сусӕгӕй мын мӕ размӕ ахсӕн хыз сӕвӕрдтой — фервӕзын мӕ кӕн! Ды — мӕ фидар мӕсыг.


Фыдгӕнджытӕ бабын уыдзысты, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн та зӕхх бауыдзӕни сӕ исбон.


Дӕ фӕттӕ нынныхстысты мӕ буары, ӕруӕз мыл кодта Дӕ къух.


Ӕххӕст Мын кӕнут Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ, уымӕн ӕмӕ, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уый цӕрдзӕни сӕ фӕрцы. Ӕз Дунедарӕг дӕн.


Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не ’рцӕуа, уӕд.


Мыггагмӕйы цард та уый у, цӕмӕй Дӕу, иунӕг ӕцӕг Хуыцауы, ӕмӕ Де ’рвыст Йесо Чырыстийы зоной.


Уырдӕм куы бахӕццӕ ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Бардарӕгыл уой иузӕрдион.


Раст цыма хъуаг истӕмӕй ӕййафы, уыйау Ӕй адӕймаджы къухты фӕллой нӕ хъӕуы, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕн дӕр цард, царды комулӕфт ӕмӕ алцыдӕр Йӕхӕдӕг дӕтты.


Йӕ фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ удӕгас стӕм, уӕ поэттӕй иуӕй-иутӕ куыд загътой, афтӕ: „Мах Йӕ хъӕбултӕ стӕм“.


Уӕ уарзт уӕд ӕнӕхин, фыдӕх уын уӕд ӕнӕуынон, хорздзинад саразынмӕ тырнут.


Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы цӕры Чырысти. Ӕмӕ нырма кӕд мӕ буары цӕрын, уӕд цӕрын ӕрмӕстдӕр, Чи мӕ бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй Йӕхи нывондӕн Чи ӕрхаста, Хуыцауы уыцы Фыртыл ӕууӕндынӕй.


Уыцы зӕхх иууылдӕр Ӕз сымахӕн дӕттын. Цӕут ӕмӕ уӕхи бакӕнут, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕ Авраам, Исаак, Йаков ӕмӕ уыдоны байзӕддӕгтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый“.


Уӕдӕ ма мын зӕгъут ныр сымах, израилӕгтӕ, цы уӕ агуры Дунедарӕг, уӕ Хуыцау? Ӕрмӕстдӕр уый, цӕмӕй Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, тӕрсат ӕмӕ Йын кад кӕнат, кӕддӕриддӕр Йӕ фӕдыл цӕуат, уарзат Ӕй, Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, зӕрдӕбынӕй ӕмӕ удуӕлдайӕ лӕггад кӕнат;


Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, уарз, тӕрс Дзы ӕмӕ Йын лӕггад кӕн, дӕхи Йыл бафӕдзӕхс ӕмӕ Йын Йӕ номӕй ард хӕр.


Ӕз уын кӕй дзурын, Дунедарӕджы ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ бӕстон куы ӕххӕст кӕнат, куы Йӕ уарзат, кӕддӕриддӕр Йӕ фӕндӕгтыл куы цӕуат ӕмӕ Йыл иузӕрдион куы уат,


цӕмӕй, Дунедарӕг кӕмӕй расомы кодта, уӕ фыдӕлтӕн ӕмӕ йӕ сӕ байзӕддагӕн ратдзынӕн, зӕгъгӕ, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрат.


Фӕлӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ куы ахизат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, исбонӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым куы ӕрбынат кӕнат, куы уӕ фервӕзын кӕна Уый уӕ алыварс знӕгтӕй ӕмӕ ӕдасӕй цӕрын куы райдайат,


Абон уын куыд зӕгъын, афтӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, куы уарзат, Йӕ фӕндӕгтыл куы цӕуат ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ фӕтк ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд цӕрдзыстут ӕмӕ сбирӕ уыдзыстут; Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уыдзыстут, уӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уым.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сунӕт скӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕн, стӕй уӕ байзӕддӕгты зӕрдӕтӕн дӕр, цӕмӕй Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уарзат ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ баззайат сӕрӕгасӕй.


Моисей ӕгас Израилӕн уыцы ныхӕстӕ куы дзырдта,


Уымӕн ӕмӕ уыдон сымахӕн хуымӕтӕджы ныхӕстӕ не сты — уӕ цард сӕ мидӕг ис. Сӕ фӕрцы, уӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уым, Иорданы фале, бирӕ фӕцӕрдзыстут».


Ӕрбайхъусут уӕдӕ, израилӕгтӕ, цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтыл уӕ ахуыр кӕнын, уыдонмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат.


Сымах та, Дунедарӕгыл, йӕ Хуыцауыл, йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивта, уыдон иууылдӕр, абон дӕр ма сӕрӕгас стут.


Ӕххӕст Ын кӕнут Йӕ фӕтк ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ, мӕнӕ уын ӕз кӕй амонын ныр, уыдон, ӕмӕ хорз уыдзӕн сымахӕн ӕмӕ уӕ фӕстагӕттӕн, ӕмӕ бирӕ фӕцӕрдзыстут, ӕнустӕм уын Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, кӕй хай кӕны, уыцы бӕсты».


Рох уӕ макуы уӕнт ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнут. Уӕд уын ӕппӕт адӕмтӕ фендзысты уӕ куырыхон зонд; ацы уагӕвӕрдтӕ фехъусгӕйӕ, зӕгъдзысты: „Куыд ӕмбаргӕ ӕмӕ зондджын сты ацы стыр адӕм!“


Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ, цӕмӕй уай фӕрнджын ӕмӕ бирӕ фӕцӕрай, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дӕуӕн кӕй радта, уыцы зӕххыл.


Тӕрсут Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ Йын цӕрӕнбонты ӕххӕст кӕнут, ӕз уын кӕй амонын, Йӕ уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ, — уӕхӕдӕг дӕр, уӕ цот дӕр ӕмӕ уӕ цоты цот дӕр, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрат.


Уарз Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт уд ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ.


Уымӕ гӕсгӕ цыфӕндыйӕ дӕр уӕхи хъарут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уарзыныл.


Фӕлтау ӕнувыд ут Дунедарӕгыл, уӕ Хуыцауыл, ныронг Ыл куыд ӕнувыд уыдыстут, афтӕ.


Ноджы мын загъта: «Сӕххӕст! Ӕз дӕн Альфӕ ӕмӕ Омегӕ, райдиан ӕмӕ кӕрон. Дойны кӕмӕн у, уымӕн Ӕз царддӕттӕг суадонӕй лӕвар бануазын кӕндзынӕн.


Зӕд мын фенын кодта кристаллау ӕрттивгӕ царддӕттӕг дон. Уый калди Хуыцау ӕмӕ Уӕрыччы бадӕнӕй,


Уд ӕмӕ Усаг зӕгъынц: «Ӕрцу!» Чи хъусы, уый дӕр зӕгъӕд: «Ӕрцу!» Дойны кӕмӕн у, уый ӕрцӕуӕд, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уый царды дон айсӕд лӕвар.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ