Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 30:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы раздӕхат, сымах дӕр ӕмӕ уӕ цот дӕр Йӕ коммӕ куы кӕсат ӕмӕ уын абон цыдӕриддӕр фӕдзӕхсын, уыдон зӕрдиагӕй куы ӕххӕст кӕнат,

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 30:2
27 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Зонын, мӕ Хуыцау, Ды уыныс адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ уарзыс сыгъдӕгзӕрдӕты. Ӕз Дын мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ рауӕлдай кодтон ӕппӕт адон. Зӕрдӕрайгӕйӕ федтон, ам Дын цы адӕм ис, уыдон Дын сӕ мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй куыд дӕттынц, уый дӕр.


Адӕм цин кодтой, Дунедарӕгӕн афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хастой сӕ мысайнӕгтӕ, ууыл. Цинӕй ради паддзах Давиды зӕрдӕ дӕр.


Уе ’ргом Дунедарӕгмӕ куы раздахат, уӕд уын уӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ уӕ цоты уацары чи райста, уыдон сӕ нал ӕфхӕрдзысты, ӕмӕ фӕстӕмӕ ацы бӕстӕм ӕрбаздӕхдзысты, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, бараг ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг у. Уе ’ргом ӕм куы раздахат, уӕд уыл Уый дӕр Йӕхи нал атигъ кӕндзӕн».


Ӕз загътон: «О Дунедарӕг, фӕлитой дзых, мӕнгард ӕвзагӕй мӕ бахиз».


Мӕ уд, цы ныхъхъуыстай дӕхимӕ, цӕуыл у дӕ сагъӕс? Хуыцауыл дӕ зӕрдӕ дар: ӕз Ӕй нырма стаудзынӕн — мӕ Ирвӕзынгӕнӕджы, мӕ Хуыцауы.


Зӕрдиагӕй Мӕ куы ӕрцагурат, уӕд Мӕ ссардзыстут.


Ӕмӕ Мӕм мӕнӕ Иудей, Израилы мӕнгард хо, раздӕхт, фӕлӕ зӕрдиагӕй нӕ, цӕстмӕ митӕ кодта ӕрмӕст, — зӕгъы Дунедарӕг.


Чи зоны, ӕмӕ Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, цы бӕллӕхтӕ сыл ӕруадзинаг дӕн, уый бамбарой, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ галиу фӕндаг ныууадза. Ӕмӕ сын уӕд Ӕз сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдтӕ ныббардзынӕн».


Йерусалим! Фыддзинадӕй ссыгъдӕг кӕн дӕ зӕрдӕ ӕмӕ уӕд фервӕздзынӕ. Дӕ чъизи хъуыдытӕ кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ?


Хъизӕмар нын бавзарын кодта, фӕлӕ та ныббардзӕнис: ӕгӕрон у Йӕ хорзӕх!


Фӕндаг ссарӕм, Дунедарӕгмӕ раздӕхӕм,


Ӕмӕ, чи фервӕза, уыдон, уацары сӕ кӕмӕ акӕной, уыцы адӕмты ’хсӕн ӕрхъуыды кӕндзысты Мӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз бауадздзынӕн хъынцъым, Мӕн чи ныууагъта, сӕ уыцы зӕрдӕты ӕмӕ, гуымирыты фӕдыл чи адзӕгъӕл, сӕ уыцы цӕстыты. Ӕмӕ уӕд сӕхӕдӕг сӕхицӕн фенӕуынон уыдзысты се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ ӕлгъаг миты тыххӕй.


Уый фӕстӕ ӕрфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ ӕрцагурдзысты Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, стӕй сӕ паддзах Давиды. Фӕстаг заманы Дунедарӕджы раз аргъуыц кӕнын райдайдзысты ӕмӕ Йын Йӕ хорзӕх агурдзысты.


Ӕмӕ уӕд басӕтдзысты сӕхи ӕмӕ сӕ фыдӕлты азымыл — иузӕрдион Мыл кӕй нӕ разындысты ӕмӕ Мӕ ныхмӕ кӕй рацыдысты, ууыл.


Ӕз Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ кувӕг зӕрдӕтӕ ратдзынӕн. Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты ӕмӕ Йыл, иунӕг фырты, фыццаггуырды мардыл куыд фӕхъыг кӕнынц, афтӕ ныккӕудзысты.


Фӕлӕ, Бардарӕгмӕ куы ӕрцӕуынц, уӕд уыцы ӕмбӕрзӕн айстӕуы.


Нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы чи уарзы, уыдон се ’ппӕт дӕр хайджын уӕнт Хуыцауы хорзӕх ӕмӕ ӕнусон цардӕй. Аммен.


уӕд уыцы пехуымпар кӕнӕ фынтӕхалӕгмӕ ма хъус — уый уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фӕлваргӕ кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт уды хъаруйӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уарзут ӕви нӕ, уый базонынӕн.


Уарз Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт уд ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ.


Мах нӕ тӕригъӕдтыл ӕргомӕй куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Уый, иузӕрдион ӕмӕ раст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ныббардзӕн нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн алы галиу хъуыддагӕй дӕр.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ