Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 30:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 уӕд — ӕз уын ӕй абон зӕгъын — фесӕфдзыстут. Иорданы фаллаг фарс уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым бирӕ нӕ фӕцӕрдзыстут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 30:18
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уӕ чъылдым Ӕм куы раздахат, уӕд ма израилӕгты ноджыдӕр фӕдардзӕн ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ сӕ бынтондӕр бацарӕфтыд кӕндзыстут».


Фӕлӕ Йыл уӕхи куы атигъ кӕнат, Йӕ коммӕ куынӕ кӕсат, куы адзӕгъӕл уат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувын ӕмӕ сын лӕггад кӕнын куы райдайат,


Уыйадыл сӕм Мӕ маст ссудздзӕни, сӕхи бар сӕ ныууадздзынӕн, Мӕхи сӕм нал равдисдзынӕн, ӕмӕ сыл дудгӕбон куы акӕна, бӕллӕхтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бын куы фӕуой, уӕд дзурдзысты: „Кӕд, нӕ Хуыцау нӕ кӕй ныууагъта, уымӕн ныл ӕрцыдысты ацы фыдбылызтӕ?!“


Уыйадыл бирӕ фыдбылызтӕ ӕмӕ бӕллӕхтӕ бавзардзысты, ӕмӕ уӕд ацы зарӕг сӕ ныхмӕ ӕвдисӕн уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ сӕ тъымы-тъыма дӕр нӕ ферох кӕндзӕн. Сӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цы бӕстӕйӕ бавӕрдтон, уырдӕм сӕ нӕма бакодтон, фӕлӕ, сӕхи куыд равдисдзысты, уый Ӕз ныридӕгӕн зонын».


Уымӕн ӕмӕ йӕ зонын, мӕ мӕлӕты фӕстӕ схъахбай уыдзыстут ӕмӕ уӕ цы фӕндагыл бафтыдтон, уымӕй азилдзыстут. Сомбон уыл фыдбылызтӕ ӕрцӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн ӕнӕуынон митыл бафтдзыстут ӕмӕ Йӕ уӕ хъуыддӕгтӕй смӕсты кӕндзыстут».


Цот ӕмӕ уын цоты цот куы фӕзына, бирӕ куы фӕцӕрат уыцы бӕстӕйы ӕмӕ стӕй тӕригъӕд куы ӕруадзат Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, гуымирытӕ куы скӕнат ӕмӕ Йӕ уӕхимӕ куы смӕсты кӕнат,


уӕд, арв ӕмӕ зӕххыстӕн, тагъд рӕстӕджы ӕнӕхай фӕуыдзыстут, Иорданы фаллаг фарсмӕ уӕхи бакӕнынмӕ кӕй тыххӕй цӕут, уыцы бӕстӕй. Уым уын бирӕ фӕцӕрын нӕ бантысдзӕн: цагъды фӕуыдзыстут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ