17 Фӕлӕ Йыл уӕхи куы атигъ кӕнат, Йӕ коммӕ куынӕ кӕсат, куы адзӕгъӕл уат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувын ӕмӕ сын лӕггад кӕнын куы райдайат,
кӕд ӕмӕ Дунедарӕг израилӕгтӕн уыцы адӕмты тыххӕй афтӕ фӕдзӕхста, семӕ хӕстӕгдзинад ма бакӕнут, намӕ уӕ ӕнӕмӕнг сӕ хуыцӕуттӕм кувыныл фӕцахуыр кӕндзысты, зӕгъгӕ, уӕддӕр. Фӕлӕ Соломоны зӕрдӕ ӕгӕр уарзӕгой разынд уыцы ӕндӕрбӕстаг сылгоймӕгтӕм.
Ӕнӕзӕндтӕ сӕ хивӕнды тыххӕй фесӕфдзысты, ӕдылыты се ’нӕмӕтдзинад бабын кӕндзӕн.
Ӕнӕуагӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафыстӕуыдзӕн, хорз адӕймагӕн дӕр афтӕ.
Уӕ чъылдым Ӕм куы раздахат, уӕд ма израилӕгты ноджыдӕр фӕдардзӕн ӕдзӕрӕг быдыры, ӕмӕ сӕ бынтондӕр бацарӕфтыд кӕндзыстут».
Уӕ зӕрдӕ уӕ ма асайӕд, ма адзӕгъӕл ут ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ сын кувын ма райдайут.
Ӕгӕр бирӕ устытӕ дӕр ма скӕнӕд йӕхицӕн, науӕд сӕнӕуаг уыдзӕн. Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины фӕдыл дӕр ма ацӕуӕд.
Абон уын куыд зӕгъын, афтӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, куы уарзат, Йӕ фӕндӕгтыл куы цӕуат ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ фӕтк ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд цӕрдзыстут ӕмӕ сбирӕ уыдзыстут; Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уыдзыстут, уӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уым.
уӕд — ӕз уын ӕй абон зӕгъын — фесӕфдзыстут. Иорданы фаллаг фарс уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым бирӕ нӕ фӕцӕрдзыстут.
ӕцӕгадмӕ нал хъусдзысты ӕмӕ баууӕнддзысты аргъӕуттыл.
Уӕдӕ кӕсут, дзургӕ Чи кӕны, Уымӕ ӕнӕ байхъусгӕ ма фӕут. Зӕххыл Чи дзырдта, Уымӕ цы адӕм нӕ байхъуыстой, кӕд уыдон ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕзтысты, уӕд махӕн та ӕнӕфхӕрдӕй баззайӕн уӕвгӕ дӕр нӕй, уӕлӕрвтӕй Чи дзуры, Уымӕй не ’ргом куы аздахӕм, уӕд.
Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ, ӕфсымӕртӕ, ахӕм ӕвзӕр ӕмӕ ӕнӕууӕнк зӕрдӕ уӕ макӕмӕн разынӕд, ӕмӕ Цардӕгас Хуыцауы ныууадза.
Бахӕццӕ сты Галаады зӕхмӕ, Рувимы, Гады ӕмӕ Менассиайы хӕдзарвӕндаджы ӕмбисы байзӕддӕгтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм. Уыдон сын загътой:
Ӕнӕуд хуыцӕутты фӕдыл та ма цӕут. Уыдон уын нӕдӕр исты пайда ӕрхӕсдзысты, нӕдӕр уӕ ирвӕзын фӕкӕндзысты, уымӕн ӕмӕ ницы сты.
Дарддӕр дӕр ма фыдбылыз куы аразат, уӕд та уӕ паддзахимӕ иумӕ бабын уыдзыстут».