Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Фӕлхатгонд ӕгъдау 30:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Абон уын куыд зӕгъын, афтӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, куы уарзат, Йӕ фӕндӕгтыл куы цӕуат ӕмӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ фӕтк ӕмӕ Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд цӕрдзыстут ӕмӕ сбирӕ уыдзыстут; Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, арфӕгонд уыдзыстут, уӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уым.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Фӕлхатгонд ӕгъдау 30:16
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Соломон уарзта Дунедарӕджы ӕмӕ ӕххӕст кодта йӕ фыд Давиды фӕдзӕхстытӕ. Ӕцӕг уый дӕр кувӕн къуыбыртыл кусӕрттӕ кодта ӕмӕ буд сыгъта.


Мӕ лӕппу! Мӕ зондамынд мын ма ферох кӕн, мӕ фӕдзӕхстытӕ мын дӕ зӕрдӕйы арф бавӕр, —


Тӕхуды ӕмӕ мӕм куы байхъусиккат! Уӕд зӕххы фарнӕй бафсӕдиккат.


Мӕ фӕдзӕхстытӕ кӕй зӕрдӕйы сты ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый Мӕ уарзы. Мӕн чи уарзы, уый та Мӕ Фыд бауарздзӕн, стӕй йӕ Ӕз дӕр бауарздзынӕн ӕмӕ йын Мӕхи раргом кӕндзынӕн».


Сунӕт скӕнын дӕр ницы у, сунӕт не скӕнын дӕр ницы у — ӕрмӕст Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын у ахсджиаг.


Фӕлӕ Йыл уӕхи куы атигъ кӕнат, Йӕ коммӕ куынӕ кӕсат, куы адзӕгъӕл уат ӕмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувын ӕмӕ сын лӕггад кӕнын куы райдайат,


Абон мын арв ӕмӕ зӕхх ӕвдисӕнтӕ уӕнт уӕ разы, цард кӕнӕ мӕлӕт, арфӕ кӕнӕ уын ӕлгъыст хъардтон. Равзарут цард, ӕмӕ цӕрын бантысдзӕн сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕн дӕр,


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сунӕт скӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕн, стӕй уӕ байзӕддӕгты зӕрдӕтӕн дӕр, цӕмӕй Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уарзат ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ баззайат сӕрӕгасӕй.


Уымӕн ӕмӕ уыдон сымахӕн хуымӕтӕджы ныхӕстӕ не сты — уӕ цард сӕ мидӕг ис. Сӕ фӕрцы, уӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕут, уым, Иорданы фале, бирӕ фӕцӕрдзыстут».


Ӕрбайхъусут уӕдӕ, израилӕгтӕ, цы фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтыл уӕ ахуыр кӕнын, уыдонмӕ, цӕмӕй удӕгасӕй баззайат ӕмӕ уын Дунедарӕг, уӕ фыдӕлты Хуыцау, зӕрдӕ цы бӕстӕй бавӕрдта, уый уӕхи бакӕнат.


Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы фӕндӕгтыл цӕуын бафӕдзӕхста, уыцы фӕндӕгтыл цӕут, цӕмӕй сӕрӕгас ӕмӕ зӕрдӕрухсӕй бирӕ фӕцӕрат, уӕхи цы бӕстӕ бакӕндзыстут, уым.


Уарз Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт уд ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ.


Уымӕ гӕсгӕ цыфӕндыйӕ дӕр уӕхи хъарут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уарзыныл.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ